Хицауады сӕрдар: Хуссар Иры нӕ фаг кӕнынц специалисттӕ-механиктӕ

© Sputnik / Наталья АйриянПухаты Эрик
Пухаты Эрик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хицауады ӕрдзырдтой техникон специалистты хъуагдзинадыл республикӕйы

ЦХИНВАЛ, 15 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик бахӕс кодта аскъуыддзаг кӕнын электроифтонггарзы специалистты хъуагдзинады проблемӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодтой рабадты рӕстӕджы, цы ран хайад райстой арӕзтады министрад ӕмӕ экономикон райрӕзты министрады сӕргълӕуджытӕ, нардуатон организациты минӕвӕрттӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауады сӕрдар саргъ кодта арӕзтады министрады куыстӕн 2018 азы

"Бирӕ ног агъуысттӕ, се хсӕн медицинон кластер, ХИПУ, театр, ифтонг сты ног техникӕйӕ, фӕлӕ специалисттӕ, кӕцытӕ семӕ архайдзысты, нӕ фаг кӕнынц", - банысан кодта Пухаты Эрик.

Хицауады сӕрдар бафтыдта, зӕгъгӕ, республикӕйы техникон специалистты хъуагдзинады проблемӕ ис рагӕй, ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хицауады хъӕппӕрисӕй Россотрудничество радта ӕмбӕлгӕ бынӕттӕ уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕтты, фӕлӕ никӕй бафӕндыд сахуыр кӕнын ахӕм професситӕ.

"Уавӕр хъӕуы раивын. Хъӕуы ссарын специалистты-механикты, кӕцытӕ архайдзысты ацы фадыджы", - банысан кодта Пухаты Эрик.

Афтӕ ма хицауады сӕрдар фехъусын кодта, ацы аз горӕты кӕй фӕзындзӕн дӕс лифтӕй фылдӕр ӕмӕ сӕ хъӕудзӕн электротехник.

Ног хабӕртты лентӕ
0