Цхинвайлаг теннисисткӕ ссис ЦКФЗ ерысты призер

© Из архива тренера М.ДжиоеваЦхинвайлаг теннисисткӕ ссис ЦКФЗ ерысты призер
Цхинвайлаг теннисисткӕ ссис ЦКФЗ ерысты призер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джиголаты Аланӕ ӕртыккаг бынат бацахста Цӕгат Ирыстоны командӕйы сконды архайгӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 18 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг теннисисткӕ Джиголаты Аланӕ ссис Цӕгат Кавказы федералон зылды ерысты ӕвзист призер уӕлыстол теннисӕй, фехъусын кодта Sputnik уæлдæр спортивон дæсниады скъолайы сæйраг тренер теннисæй Джиоты Мириан.

Ерыстӕ цыдысты 2004 азы гуырд спортсменты ʻхсӕн.

"Джиголаты Аланӕ турниры архайдта 2004 азы гуырд спортсменты ʻхсӕн. Уыдон ӕртыккаг бынатыл тохы рамбылдтой Дагъыстаны къорды ӕмӕ ссисты ӕвзист призертӕ", - загъта Джиоты Мириан.

Теннисист Бекъойты Эдуард  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг теннисист рамбылдта æппæтуæрæсейон турнир

Уый ма бафтыдта, ныр та сӕхи кӕй цӕттӕ кӕнынц Цӕгат Кавказы федералон зылды ерыстӕм кӕстӕр къорды спортсменты ʻхсӕн.

"2007 азы гуырд спортсментӕн ацы ӕмвӕзады ерыстӕ ацӕудзысты 4 апрелы. Ам нын тох кӕндзысты Плиты Аланӕ ӕмӕ Козаты Милена. Дыууӕ чызг дӕр сты хорз цӕттӕ", - бафтыдта уый.

© Из архива тренера М.ДжиоеваЦхинвайлаг теннисисткӕ ссис ЦКФЗ ерысты призер
Цхинвайлаг теннисисткӕ ссис ЦКФЗ ерысты призер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг теннисисткӕ ссис ЦКФЗ ерысты призер
Ног хабӕртты лентӕ
0