ЦХИНВАЛ, 18 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий снысан кодта Цхинвалы районы администрацийы сӕргълӕууӕгӕй Мамыттаты Вахтангы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Президент ауагъта фембӕлд Мамыттаты Вахтангимӕ, кӕцыйы рӕстӕджы йын раарфӕ кодта ӕмӕ йӕм ӕрсидт, цӕмӕй йӕ тыхтӕ иууылдӕр радта Цхинвалы районы цӕрджыты цард фӕхуыздӕр кӕнынмӕ.
"Мӕн уырны, кӕй дын ис зонындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлтӕрддзинад, цӕмӕй сӕххӕст кӕнай дӕ хӕслӕвӕрдтӕ", - загъта президент.
Мамыттаты Вахтанг загъта бузныг президентӕн ӕууӕнчы тыххӕй.
"Бузныг, кӕй баууӕндыдтӕ мӕныл ахӕм бӕрнон куысты бынат. Мӕ тыхтӕ иууылдӕр ратдзӕн куыстмӕ", - загъта уый.
2018 азы апрелы онг Цхинвалы районӕн къухдариуӕг кодта Плиты Алан, кӕцыйы ссӕрибар кодтой йӕ бынатӕй президенты барамындӕй. Районы сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг уыд Бибылты Валерий.
Биографион справкӕ
Мамыттаты Вахтанг Борисы фырт райгуырд 1966 азы Цхинвалы районы Дменисы хъӕуы.
1985 азы фӕцис Цхинвалы хъӕууон хӕдзарадон техникум.
1986 - 2004 ӕзты куыста Дменисы колхозы.
2005 - 2009 ӕзты уыд Дменисы паддзахадон хӕдзарады директор.
2009 - 2011 ӕзты уыд "Ирагропромсервис"-ы бригадир.
2011 - 2015 ӕзты уыд "Ирагропромсервис"-ы директор.
Уыдис парламенты фӕндзӕм ӕрсидты депутат.
Ис ын бинонтӕ, дыууӕ сывӕллоны.