Мӕргъиты Алан радзырдта хъӕууон хӕдзарадон продукцийы экспорты тыххӕй Хуссар Ирӕй

Фӕткъуытӕ
Фӕткъуытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Югоссельхознадзор"-ы сӕргълӕууӕг бамбарын кодта, экспорты фӕдыл ӕнӕмӕнгхъӕугӕ процедурӕтӕ зын не сты

ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийӕ хъӕууон хӕдзарадон продукци ласыны тыххӕй ӕрдзырдтой парламенты экономикӕ, чысыл амалиуӕгад ӕмӕ хъӕууон хӕдзарады фӕдыл комитеты рабадтыл.

Президент Анатолий Бибилов ознакомился с условиями работы Югоссельхознадзора - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Югоссельхознадзор"-ы сӕргълӕууӕг: хуымӕтӕг аз нӕ уыд

Комитеты сӕрдар Джиоты Инал банысан кодта, депутаттӕм хъаст кӕнынмӕ кӕй бацӕуынц фермерон хӕдзарадтӕ ӕмӕ хъӕууон хӕдзарады фадыджы амалиуӕгадты разамонджытӕ.

"Абон мӕ фӕнды ӕрныхас кӕнын фӕткъуытӕ ласыны проблемӕйыл, уый тыххӕй ӕмӕ депутаттӕн уый фӕдыл хъаст кодтой. Мах ӕрхуыдтам комитеты рабадтмӕ уагдӕтты разамонджытӕ, кӕцытӕ архайынц ацы фарсты фӕдыл", - загъта Джиоты Инал.

Паддзахадон ветеринарон ӕмӕ фитосанитарон цӕстдарды службӕйы сӕргълӕууӕг Мӕргъиты Алан бамбарын кодта, ацы проблемӕйы фылдӕр хай кӕй аскъуыддзаг кодта "Югоссельхознадзор"-ы арӕзтад.

"Сертификат райсын зын нӕу. Хъӕуы нӕ ӕрмӕст бафӕдзӕхсын аласынӕй иу мӕй раздӕр, цӕмӕй нын рӕстӕг уа басгӕрстӕн. Ацы процедурӕтӕ иууылдӕр сты ӕнӕаргъ паддзахадон фиддонӕй дарддӕр, кӕцыйы аргъ у 150 сомы", - бахахх кодта Мӕргъиты Алан.

Ног хабӕртты лентӕ
0