"Властелин колец" фӕзындзӕн ирон ӕвзагыл

© КиноПоиск"Властелин колец" фӕзындзӕн ирон ӕвзагыл
Властелин колец фӕзындзӕн ирон ӕвзагыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Масштабон проект реализаци кӕнын райдыдта Цӕгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы библиотекӕйы кусӕг Джусойты Фатимӕ

ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik. Дыууынӕм ӕнусы иууыл популярондӕр чингуытӕй иу "Властелин колец" фӕзындзӕн ирон ӕвзагыл, хъусын кӕны информацион портал "Abon".

Цхинвалы байуӕрстой ирон авторты чингуытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бафтауын литературӕйыл: Цхинвалы байуӕрстой ирон авторты чингуытӕ

Чиныг ратӕлмац кӕндзӕн Цӕгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы библиотекӕйы кусӕг Джусойты Фатимӕ. Уый банысан кодта, ацы чингуытӕ йӕ зӕрдӕмӕ тынг кӕй цӕуынц ӕмӕ йӕ уый тыххӕй фӕнды саразын уацмысы ирон верси. Ныртӕккӕ Джусойты Фатимӕ агуры филологты, кӕцытӕ йын баххуыс кӕндзысты сӕххӕст кӕнын проект.

Джусойты Фатимӕ ратӕлмац кӕндзӕн чиныг уырыссаг ӕвзагӕй, уый фӕдыл ирон версийы хъайтарты нӕмттӕ уыдзысты уырыссаг версийы хуызӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0