Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Сергей Лавровӕн йӕ райгуырӕн боны цытӕн

© Sputnik / Валерий Мельников /  Ахизын медиабанкмæСергей Лавров
Сергей Лавров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг ӕддагполитикон уагдоны сӕргълӕууӕг цыппӕрӕмы нысан кӕны йӕ райгуырӕн бон

ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik. Уӕрӕсейаг дипломатийы бирӕ сгуыхтдзинӕдтӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕнадӕмон позициты сфидар баст сты бӕстӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавровы номимӕ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы телы Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕууӕгмӕ, кӕцы цыппӕрӕмы нысан кӕны йӕ райгуырӕн бон.

Медойты Дмитрий ӕмӕ Серей Лавров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Медойты Дмитрий: Хуссар Иры Сергей Лавровӕн кӕнынц стыр кад

"Дӕ номимӕ баст сты уӕрӕсейаг дипломатийы бирӕ сгуыхтдзинӕдтӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕнадӕмон позициты сфидар. Дӕ профессионалон зонындзинӕдты руаджы сӕххӕст кодтай дӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ дын фӕзынд егъау авторитет куыд Уӕрӕсейы Федерацийы, афтӕ фӕсарӕнты дӕр", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий равдыста ныфс, Сергей Лавровы хайадистӕй Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн ӕмгуыстад дардӕр кӕй райтынг уыдзӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0