Ирон самбисттӕ рамбылдтой 12 хорзӕхы ЦКФЗ фыццагады

© Пресс-служба Минспорта РСО-АланияИрон самбисттӕ рамбылдтой 12 хорзӕхы ЦКФЗ фыццагады
Ирон самбисттӕ рамбылдтой 12 хорзӕхы ЦКФЗ фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хорзӕхтӕй дарддӕр ирон спортсментӕ рамбылдтой 12 балцӕджы Уӕрӕсейы чемпионатмӕ самбойӕ

ЦХИНВАЛ, 26 мар — Sputnik. Спортсментӕ Цӕгат Ирыстонӕй рамбылдтой 12 майданы Нальчикы уагъд цӕуӕг Цӕгат Кавказы федералон зылды (ЦКФЗ) фыццагады самбойӕ юниорты ӕхсӕн, хъусын кӕны республикӕйы спорты министрады пресс-службӕ.

Ирон ӕрмхӕцӕг рамбылдта Уӕрӕсейы чемпионат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон ӕрмхӕцӕг рамбылдта Уӕрӕсейы чемпионат

Ирон самбисттӕ рамбылдтой 4 сыгъзӕрин, 3 ӕвзист ӕмӕ 5 бронзӕйы майданы.

Афтӕ ма спортсментӕ райстой 12 балцӕджы Уӕрӕсейы чемпионатмӕ.

Командӕ бацӕттӕ кодтой Гасситы Петр, Коцты Авето, Козаты Алан, Коцты Тимур, Александр Швецов, Хуыгаты Юрий, Золойты Магомед.

Ног хабӕртты лентӕ
0