Аутизмы Æппæтдунейон бон: низӕфхӕрд сабиты цард Хуссар Иры

Рафыссын
Дыккӕгӕм апрель у аутизмы Æппæтдунеон бон. Се 'нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттæ нæ республикæйы дæр бирæ ис. Уымæй дæр та 2008 азы августы гуырдзыйы агрессийы фæстæ

Дриаты Лейла

Алы сывæллон дæр иннæмæй хицæн кæны. Уæлдай æндæрхуызон сты, аутизмæй хъыгдард чи у, уыдон. Ахæм сывæллæттæм фæхъæуы уæлдай фылдæр фæкаст. Ахæм сабитæ хицæн кæнынц уымæй, æмæ дунемæ кæсынц æндæр цæстæй. Иннæтæй сæ иппæрд куы нæ кæнай, уæд фæстейæ нæ баззайдзысты. Ахæм у специалистты хъуыды.

Глава РСО-Алания Вячеслав Битаров и Министр труда РФ Максим Топилин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Топилин: сахъат адæмы хъæуы сифтонг кæнын куыстæй

Аутизм нымад у гениалон адæймæгты низыл. Рынчын дзы уыдысты Эйнштейн, Ньютон, Моцарт, Кант, Сократ, Микеланджело, Леонардо да Винчи. Ныры дуджы та Билл Гейтс.

Æнæниз æмæ аутизмæй рынчын сывæллæттæ иумæ ахуыр кæнынц Хуссар Ирыстоны скъолаты дæр.

Зæлинæйыл 10 азы йеддæмæ нæ цæуы, фæлæ англисагау æмæ математикæ цыфæнды хистæрæй дæр хуыздæр зоны. Сæрибар рæстæджы йемæ фæкусынц йæ психолог æмæ йæ мад. Сывæллон ахуыр кæны 4-æм къласы, хуымæтæг скъолайы. Зæлинæ рынчын у аутизмæй.

"Фыццаг æй куы базыдтам, уæд ныл, цыма, фыцгæ дон бакалдтой, афтæ фестæм, - дзуры чызджы мад. - Мæ цард цыма иннæрдæм фæфæлдæхт. Снывонд æй кодта сывæллонæн. Низы тыххæй куы ницы зонай, уæд афтæ вæййы. Кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон хабар нæу уый. Тынг зын у бинонтæн. Цæрын хъæуы дарддæр. Адæймагæй рауайы йæ сывæллонæн æххуысгæнæг".

Ахуыргæнджытæ сывæллонæй райгонд сты. Гом урокты æмæ æндæр ахæм иумæйаг мадзæлтты хайад исы. Бузныг зæгъын хъæуы ахуыргæнæндæтты разамонджытæн, ахæм сывæллæттæй сæхи кæй нæ аиуварс кæнынц. Уæлдай æхсызгон та уый у æмæ сæ архайд сывæллæттыл фæзыны хорзæрдæм.

Благотворительный фонд Подари крылья - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Лӕвар базырты" радзырдтой, куыд ӕрӕмбырд кодтой фӕрӕзтӕ рынчын чызгӕн

Аутизмæй хъыгдард сывæллæттæн иннæ сывæллæтимæ иудзинад куы уа, уæд зынгæ фæарæхстджындæр уыдзысты. Уый та тынгдæр уый тыххæй, æмæ се 'нæниз æмгæрттимæ æмархайд фæкæнынц. Ахæм сывæллæттæм хъæуы уæлдай цæстдард æмæ зылд. Уæвгæ сæ алцæмæндæр ис сахуыр кæнын, фæлæ иннæтимæ абаргæйæ, зындæр.

Рæстæг домы афтæ. Cе 'нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сывæллæтты æхсæнадæй иуварсгæнæн нæй. Хъуамæ æхсæнады цæрын зоной. Ныртæккæ алцыдæр арæзт цæуы инвалидтæ æмæ се 'нæниздзинад исты хъыгдард кæмæн æййафы, уыцы сывæллæтты хуыздæр цардæн. Цæмæй сæ сывæллоны скъоламæ радтой, уый тыххæй ныййарджыты хъæуы сæ сабийы психологон-медикон къамисæн равдисын.

Ацы хъуыддаджы стырдæр цæлхдур æхцайы фæрæзтæ не сты. Сагъæссаг у, æмбæлгæ специалисттæ фаг кæй нæй, уый. Ахæм сывæллæттæн сæ цард æмæ сæ сомбон махæй аразгæ у. Уымæ гæсгæ йæм былысчъил æмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсæн нæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0