Дзӕуджыхъӕуы райдыдта ХХII республикон студентон уалдзӕг

© СловоРеспубликон студентон уалдзӕг
Республикон студентон уалдзӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртӕ конкурсон боны дӕргъы Фӕсивӕды галуаны сценӕйыл студенттӕ ерыс кӕндзысты музыкалон здӕхты

ЦХИНВАЛ, 2 апр — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы райдыдта ХХII республикон студентон уалдзӕджы, хъусын кӕны телеканал Осетия-Ирыстон.

Хуссарирыстойнаг музыканты схорзӕхджын кодтой Уӕрӕсейы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кавказы хуыздӕр гармонист: хуссарирыстойнаг музыканты схорзӕхджын кодтой Уӕрӕсейы

Ӕртӕ конкурсон боны дӕргъы Фӕсивӕды галуаны сценӕйыл студенттӕ ерыс кӕндзысты музыкалон здӕхты.

Дыццӕджы фӕсивӕд равдисдзысты сӕ курдиат кафӕн аивады, ӕртыццӕджы та ерыс кӕндзысты театралон здӕхты. Хайадисджытӕн аргъ кӕндзӕн компетентон жюри.

Мадзал фӕуыдзӕн гала-концертӕй, цы ран уӕлахиздзаутӕй дарддӕр хайад райсдзысты иууыл ирддӕр номырты хицӕуттӕ.

Студентон уалдзӕджы фӕстиуӕгӕн сараздзысты Цӕгат Ирыстоны командӕ, кӕцы хъахъхъӕндзӕн республикӕйы кад Пермы.

Ног хабӕртты лентӕ
0