Хуссар Иры хицауад хыгъдлӕвӕрд радта цӕрджытӕн ӕххуысы тыххӕй марты

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры хицауад хыгъдлӕвӕрд радта цӕрджытӕн ӕххуысы тыххӕй марты
Хуссар Иры хицауад хыгъдлӕвӕрд радта цӕрджытӕн ӕххуысы тыххӕй марты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицады хыгъдлӕвӕрд радтой ӕмбӕстӕгтӕн материалон ӕххуысы тыххӕй марты дӕргъы

ЦХИНВАЛ, 4 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрад марты баххуыс кодта ӕмбӕстӕгтӕн 1 255 000 мин сомы бӕрц. Иумӕйагӕй материалон ӕххуыс райстой 113 адӕймаджы, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӔХМ баххуыс кодта 300 ӕххуысхъуаг бинонтӕй фылдӕрӕн

"Се хсӕн I ӕмӕ II къорды 18 инвалидтӕ (205 мин сом), 14 сабийы бонтӕй инвалидтӕ (140 мин сом), 51 бирӕсывӕллонджын бинонтӕ (600 мин сом), 11 амӕттаджы бинонтӕ (110 мин сом), 10 ӕххуысхъуаг бинонтӕ (100 мин сом), фондз сидзӕры (50 мин сом), ӕртӕ ӕмбӕстаджы райстой материалон ӕххуыс сӕ лӕмӕгъ ӕнӕниздзинады тыххӕй (30 мин сом)", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма иу бинонтӕн рахицӕн кодтой 20 мин сомы зианы хӕрдзтӕн.

Адресон ӕххуыс республикӕйы цӕрджытӕн, кӕцытӕ сты зын уавӕрты, дӕттынц хицауады уынаффӕ "Адресон социалон ӕххуыс"-мӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0