Хуссар Иры цӕттӕ кӕнынц хъулон хъӕндилимӕ тох кӕнынмӕ

Рафыссын
Хъулон хъӕндил ныридӕгӕн ӕрхаста зиан сыхаг бӕстӕты хъӕууон хӕдзарадӕн

ЦХИНВАЛ, 9 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад рахицӕн кӕндзӕн 700 мин сомы хъулон хъӕндилимӕ тох кӕнынӕн, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Президент Анатолий Бибилов ознакомился с условиями работы Югоссельхознадзора - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Югоссельхознадзор"-ы сӕргълӕууӕг: хуымӕтӕг аз нӕ уыд

Фарон фӕззӕджы "Югоссельхознадзор"-мӕ бацыд информаци хъулон хъӕндилты тыххӕй, кӕцыты ссардтой республикӕйы арӕнгӕрон цӕрӕг пунктты. Ивгъуыд ӕзты хъулон хъӕндил ӕрхаста стыр зиан Абхаз ӕмӕ Гуырдзыстоны хъӕууон хӕдзарадӕн.

Хицауады рабадтыл банысан кодтой, зианхӕссӕг цӕрӕгойы ныхмӕ тохы фӕдыл кӕй рахицӕн кӕндзысты 700 мин сомы.

"Хицауады сӕрдар Пухаты Эрик банысан кодта, хъулон хъӕндилты кӕй хъӕуы ӕмбырд кӕнын къухӕй ӕмӕ ӕрсидт хъӕууон хӕдзарады министрады къухдариуӕгадмӕ, цӕмӕй уадзой информацион куыст цӕрджыты ӕхсӕн", - хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0