Уӕрӕсейы УУМ сапертӕ дарддӕр сыгъдӕг кӕндзысты Хуссар Ир хӕлӕн ӕрмӕгӕй

Рафыссын
Уӕрӕсейаг специалисттӕн уый уыдзӕн сӕ цыппӕрӕм гуманитарон мисси Хуссар Ирыстоны

ЦХИНВАЛ, 24 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Иры ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Уӕрӕсейы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) центр "Лидер"-ы специалистты ʻрцыдмӕ. Уыдон адарддӕр кӕндзысты Хуссар Ирыстоны территори рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй сыгъдӕг кӕныны куыст, фехъусын кодтой РХИ УУМ пресс-службӕйы.

Уӕрӕсейаг специалисттӕн уый уыдзӕн сӕ цыппӕрӕм гуманитарон мисси Хуссар Ирыстоны. Уыдон куыстой тӕссаг хӕйттыл ӕмӕ ссыгъдӕг кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй республикӕйы территорийы 100 гектарӕй фылдӕр, ссардтой 700 рӕмудзӕн ӕрмӕгӕй фылдӕр.

"Лидер"-ы специалисттӕ ӕрцӕудзысты къуырийы кӕрон. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, уыдон кусдзысты Зары бӕрзӕнд ссыгъдӕг кӕныныл", - загътой республикӕйы УУМ-ы.

Центр "Лидер"-ы разамонæг: Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты хуыздæр кусджытæ

Центр "Лидер"-ӕй 19 апрелы афӕндараст кодтой Хуссар Ирмӕ къордты, хъусын кӕны уагдоны официалон сайт.

Центры хистӕр инӕлар-майор Анатолий Саввин банысан кодта, къорды уӕнгтӕ ӕххӕст кӕндзысты тӕссаг фӕлӕ хъӕугӕ куыст. Уый сын загъта йӕ фӕндийӕгтӕ, цӕмӕй цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕной сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы УУМ кусӕджы ном ма фӕдӕлдзиныг кӕной.

Ног хабӕртты лентӕ
0