Хуссар Иры расидтысты ӕппӕтреспубликон зиу

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры расидтысты ӕппӕтреспубликон зиу
Хуссар Иры расидтысты ӕппӕтреспубликон зиу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕппӕтреспубликон ӕфснайӕн зиу расидтысты организацитӕ ӕмӕ цӕрджытӕн

ЦХИНВАЛ, 24 апр - Sputnik. Майрӕмбоны, 26 апрелы, Хуссар Ирыстоны ацӕудзӕн фыццаг уалдзӕгон зиу, цӕмӕй ссыгъдӕг кӕной республикӕйы территори, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады кадетты скъола хайад райста экологон акцийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады кадетты скъола хайад райста экологон акцийы

Хицауады сӕрдар Пухаты Эрик фехъусын кодта, горӕт ӕмӕ районты администрациты сӕргълӕуджытӕн кӕй бахӕс кодтой саразын хайадисӕг организациты номхыгъд.

"Майрӕмбоны, 26 апрелы, 10.00 сахатыл мах сидӕм республикӕйы цӕрджытӕм, цӕмӕй рахизой сӕ хӕдзӕртты раз территори ссыгъдӕг кӕнынмӕ. Иумӕйаг тыхтӕй куы архайӕм, уӕд нын уыдзӕн хорз фӕстиуджытӕ", - фехъусын кодта хицауады сӕрдар.

Цхинвалы администрацийы сӕрдар Коцты Алан бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕфснайӕн зиу цы бынӕтты цӕуа, уырдӕм ракӕндзысты хӕрзарӕзтады комбинаты техникӕ иууылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0