Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Хуссар Иры сӕудӕджерад ӕмӕ транспорты кусджытӕн

© Sputnik / Ада БагианАвтовокзал
Автовокзал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы экономикӕйы ацы фадгуыты кусджыты профессионалон бӕрӕгбон нысан кӕнынц майрӕмбоны, 26 апрелы

ЦХИНВАЛ, 26 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны фидӕн арӕзт цӕуы сӕудӕджерад ӕмӕ транспорты кусджыты руаджы, дзырдӕуы президент Бибылты Анатолийы арфӕйы телы.

Бӕгъиаты завод ӕмӕ Цхинвалы Хъӕды комбинатмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы модернизаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Бӕгъиаты" завод ӕмӕ Цхинвалы Хъӕды комбинатмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы модернизаци

Хуссар Ирыстоны майрӕмбоны нысан кӕнынц Сӕудӕджерад ӕмӕ транспорты кусджыты бон. Бӕрӕгбон нысан ӕрцыд республикӕйы президенты барамындӕй 1998 азы.

"Сӕудӕджерады куыстуатты профессионализмимӕ баст у базарад, арӕзтад, хъӕууон хӕдзарад ӕмӕ энергетикӕйы райрӕзт. Уӕ куысты фӕрцы арӕзт цӕуы Республикӕ Хуссар Ирыстоны фидӕн, фидар кӕны бӕстӕйы экономикон потенциал", - дзырдӕуы арфӕйы телы.

Бибылты Анатолий фидарӕй загъта, фӕлтӕрддзинад ӕмӕ зонындзинӕдты руаджы сӕудӕджерад ӕмӕ транспорты кусджытӕ дарддӕр хӕссдзысты сӕ хайбавӕрд Хуссар Ирыстоны райрӕзтмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0