Ӕртӕ авари ӕмӕ дыууӕ фыдракӕнды: Хуссар Иры МХМ ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны радзырдтой криминогенон уавӕры тыххӕй республикӕйы 22-29 апрелы

ЦХИНВАЛ, 29 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри сбӕрӕг кодтой дыууӕ фыдракӕнды, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Тобӕгонд тамако

Наркотикон буарадтӕм хъусдарды хайады кусджытӕ Цхинвалы дуканитӕй иуы ссардтой тобӕгонд "снюс". Дуканийы уӕйгӕнӕг, столицӕйы 38-аздзыд цӕрӕг сылгоймаджы ӕрбаздӕхтой административон бӕрнмӕ "снюс" ӕмӕ "насвай" тамако ласын, ӕлхӕнын, уӕй кӕнын ӕмӕ пайда кӕныны" фӕдыл закон фехалыны тыххӕй.

Цхинвалы дуканийы уӕйгӕнӕгмӕ ссардтой тобӕгонд снюс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы дуканийы уӕйгӕнӕгмӕ ссардтой тобӕгонд "снюс"

Уавӕр фӕндӕгтыл

МХМ информацимӕ гӕсгӕ, ивгъуыд къуыри республикӕйы ӕрцыд ӕртӕ фӕндагон-транспортон цауы. Аварийы фӕстиуӕгӕн ӕртӕ адӕймаджы аластой республикон соматикон рынчындонмӕ буары цӕфтимӕ.

Ӕхсӕнадон фӕткхӕлдтӕ

Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ ӕрцахстой 21 адӕймаджы. Уыдонӕй ӕртӕйы ӕрбаздӕхтой административон бӕрнмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0