Хуссар Иры байуардзысты 10 мин Георгийы лентӕйы

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæ"Георгийы лентæ"
Георгийы лентæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Традицион акци уагъд цӕуы Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 74 азы сӕххӕсты цытӕн

ЦХИНВАЛ, 7 мая — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Иры уагъд цӕуы акци "Георгийы лентæ". Бархионтӕ уардзысты триотизм æмæ уæлахизы символтӕ республикӕйы горӕттӕ ӕмӕ хъӕуты 9 маймӕ.

Культурӕйы министр Зассеты Жанна банысан кодта, мысӕн датӕмӕ кӕй балхӕдтой 10 мин лентӕйы.

"Ӕртыккаг бон волонтертӕ уарынц лентӕтӕ. Лентӕтӕй мах ныууагътам чысыл хай ветерантӕ ӕмӕ сӕ бинонтӕн, уыдонӕн сӕ ратдзыстӕм сом Кады Аллейы. Ноджы ма иу хай та ныууагътам "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы колоннӕтӕн", - загъта Зассеты Жанна.

Æппæтуæрæсейон акцийæн йæ сæйраг нысан у рæзгæ фæлтæрæн сæ зæрдыл æрлæууын кæнын, цавæр аргъæй æлхæд æрцыд Уæлахиз. Сау хæххытæ нысан кæнынц фæздæг, бурбын сырх та - арт. Афтæ та йæ хонынц сыгъдæг Георги Уæлахиздзауы дзуары кадæн. Лентæ дарын хъæуы фæрсæрдыгæй галиу риуыл.

Хуссар Иры райдыдта акци Георгийы лентæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры райдыдта акци "Георгийы лентæ"

Хæсты ахæм лентæ кодтой тырысайыл, стæй йæхи хъæбатырæй чи æвдыста, уыдоны дзы хорзæхджын кодтой. Уыцы хорз миниуæг ис абон дæр. Акци "Георгийы лентæ"-йы азæй-азмæ цы бæстæтæ архайынц, уыдоны нымæц фылдæр кæны.

Акци "Георгийы лентæ"-йы хъӕппӕрис фӕзынд 2005 азы медиа къорд "Россия сегодня"-мӕ ӕхсӕнадон организаци "Студенческая община"-йы ӕмархайдӕй. Уымӕй фӕстӕмӕ акци ссис ӕрмӕст ӕппӕтуӕрӕсейон нӕ, фӕлӕ ма ӕхсӕнадӕмон дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0