Бибылты Анатолий басгӕрста медицинон кластеры куыст Цхинвалы

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий басгӕрста медицинон кластеры куыст Цхинвалы
Бибылты Анатолий басгӕрста медицинон кластеры куыст Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг ма басгӕрста сывӕллӕтты рынчындоны ног ифтонггарз ӕмӕ гемодиализы хайад

ЦХИНВАЛ, 16 май – Sputnik. Ног лабораторон ифтонггарз райдыдта кусын сывӕллӕтты рынчындоны Цхинвалы, медицинон уагдоны куыст, кӕцы ис республикон медицинон бирӕфпрофилон центры сконды, басгӕрста Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Аппаратурӕ иууылдӕр кусы хорз

Президенты бафарста реагентты тыххӕй, кӕцытӕ сты ӕнӕмӕнгхъӕугӕ лабороторон диагностикӕйӕн. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр банысан кодта, реагенттӕ алыхатт дӕр кӕй вӕййынц.

"Абоны боны медицинон кластеры аппаратурӕ иууылдӕр кусы хорз", - банысан кодта Тотчиты Георгий.

Афтӕ ма Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта сывӕллӕтты поликлиникӕйы куысты уавӕртӕ. Медицинон кластеры сӕйраг дохтыры хӕдивӕг Джиоты Луиза равдыста паддзахады сӕргълӕууӕгӕн кабинеттӕ, цы ран сывӕллӕттӕ ацӕуынц физиотерапи, афтӕ ма массажы сеанстӕ ӕмӕ ленк кӕнынц бассейны.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий басгӕрста медицинон кластеры куыст Цхинвалы
Бибылты Анатолий басгӕрста медицинон кластеры куыст Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий басгӕрста медицинон кластеры куыст Цхинвалы

"Ам СЦП рынчын сывӕллӕттӕ ацӕуынц ӕнӕмӕнгхъӕугӕ процедурӕтӕ, ленк кӕнынц. Бассейны дон мах баивӕм ӕрвылбон. Афтӕ ма нӕм ис зал, цы ран сывӕллӕттӕ хуыздӕр кӕнынц сӕ физикон цӕттӕдзинад", - загъта уый.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий басгӕрста медицинон кластеры куыст Цхинвалы
Бибылты Анатолий басгӕрста медицинон кластеры куыст Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий басгӕрста медицинон кластеры куыст Цхинвалы

Джиоты Луиза банысан кодта, раздӕр ацы процедурӕтӕ ацӕуыны тыххӕй ныййарджытӕ кӕ ластой сӕ сывӕллӕтты республикӕйы территорийӕ. Ныр та ацы процедурӕтӕ фадат ис ацӕуын Хуссар Ирыстоны.

Республикӕйы территорийӕ цӕуын нал хъӕуы

Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта гемодиализы хайад дӕр, кӕцы скуыста ӕрӕджы.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий басгӕрста медицинон кластеры куыст Цхинвалы
Бибылты Анатолий басгӕрста медицинон кластеры куыст Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий басгӕрста медицинон кластеры куыст Цхинвалы

Хайады хистӕр Джиоты Мӕдинӕ банысан кодта, пациенттӕ гемодиализы процедурӕ ацӕуыны тыххӕй раздӕр кӕй хъуамӕ ацыдаиккой республикӕйы территорийӕ.

"Пациенттӕ цӕуынц процедурӕ къуыри ӕртӕ хатты. Иу процедурӕ цӕуы ӕртӕ сахаты. Уый фӕдыл раздӕр пациенттӕ цыдысты Хуссар Ирыстонӕй медицинон ӕххуыс райсынмӕ", - загъта хайады хистӕр.

Президент бабӕрӕг кодта медицинон кластеры ӕндӕр хайадты куыст дӕр: реанимацион хайад, травматологи ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Горӕты поликлиникӕйы ног фадӕттӕ

Уымӕй дарддӕр ма президент федта Цхинвалы поликлиникӕйы дохтырты куысты уавӕртӕ, кӕцытӕ амӕйразмӕ рацыдысты республикон рынчындоны бӕстыхаймӕ.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий басгӕрста медицинон кластеры куыст Цхинвалы
Бибылты Анатолий басгӕрста медицинон кластеры куыст Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий басгӕрста медицинон кластеры куыст Цхинвалы

Дохтырты ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ ног бӕстыхай хорз разынд пациенттӕн дӕр, кӕцытӕн сӕ бон у ацӕуын процедурӕтӕ иууылдӕр иу ран.

Балцы кӕрон президент бабӕрӕг кодта тубдиспансеры куысты уавӕртӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0