Гаглойты Роберт: ныфс мӕ ис, Хуссар Иры фӕсивӕд кӕй нӕ фесафдзӕн ирон ӕвзаг

© Sputnik / Наталья АйриянРоберт Гаглойты
Роберт Гаглойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зонадон-иртасӕн институты директор Гаглойты Роберт радзырдта радио Sputnik Хуссар Ирыстонӕн ирон ӕвзаджы бахъахъхъӕнӕны тыххӕй

Радио Sputnik Хуссар Ирыстоны студийы зонадон-иртасӕн институты директор Гаглойты Роберт радзырдта ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон банысан кӕныны тыххӕй, афтӕ ма ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы хайбавӕрды тыххӕй мадӕлон ӕвзаджы райрӕзтмӕ.

Гаглойты Роберт: ныфс мӕ ис, Хуссар Иры фӕсивӕд кӕй нӕ фесафдзӕн ирон ӕвзаг

«Мӕнмӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны фӕсивӕд фылдӕр цӕттӕ у, цӕмӕй бахъахъхъӕнӕной ирон ӕвзаг. Цӕмӕй ӕвзаг ма сӕфа, уый тыххӕй сывӕллоны йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ хъӕуы ахыр кӕнын йӕ мадӕлон ӕвзаг. Цӕгат Ирыстоны историкты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ирон ӕвзаг ӕмӕ нӕ истори ис гӕнӕн бахъахъхъӕнын ӕрмӕстдӕр Хуссар Иры зӕххыл», - загъта Гаглойты Роберт.

Ног хабӕртты лентӕ
0