ЦХИНВАЛ, 20 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕг Джиоты Люба рамбылдта Цӕгат Ирыстоны национ телеуынынад "Осетия-Ирыстон"-ы вокалон конкурс "АЗАР МА" хъæлæсæппæрсты бæрæггæнæнтæм гæсгæ. Зарæггæнæг йæхæдæг нымайы, рамбулын ын кӕй бантыст æнгомдзинады фæрцы.
"Нæ зонын, куыд мын бантыст рамбулын. Уыцы зарджытæм чи хъуыста, мæ фарсмæ чи лæууыд, уыдон æнгомдзинад равдыстой æмæ æрвыстой СМС-тæ. Уыдон аскъуыддзаг кодтой, æз ацы призы аккаг кæй дæн æмæ рамбылдтон", - загъта Sputnik Джиоты Люба.
Уый ма банысан кодта, журналистикæйы æмрæнхъ йæ цард баст кӕй у музыкæимæ дæр.
Телекомпани "Осетия-Ирыстон"-ы вокалон телепроект "АЗАР МА"-йы финалы уыд 10 зарӕггӕнӕджы. Конкурсы хъæлæсæппæрсты хатдзæгтæм гæсгæ Джиоты Люба райста иууыл фылдæр хъæлæстæ æмæ фæхайджын ис "Приз зрительских симпатий"-йæ. Социалон хызæгты бирæнымæц арфæйы телты хсæн æмбæлынц ахæмтæ :"Ахæм хъуамæ уа нырыккон ирон эстрадон зарæг", "сæйраг приз райста Люба".
"Арфæ кæнын нæхи Джиоты Любайæн уæлахизы тыххæй. Сæрыстыр дæ стæм", - ныффыста президент Бибылты Анатолий йæ фарсыл Фейсбукы.
Цӕгат Ирыстоны национ телеуынынад "Осетия-Ирыстон"-ы вокалон конкурс "АЗАР МА"-йы финал ацыд хуыцаубоны комкоммæ эфиры. Телефонон хъæлæсæппæрсты æмрæнхъ ма уæлахиздзау равзæрстой жюрийы уæнгтæ дæр - уый ссис Годжысаты Влада.
ХИПУ-йы ансамбль "А вдруг"-ы солисткӕ Хъодалаты Марияйы зарӕг "Мӕсыг", кӕцыимӕ ралӕууыд Джиоты Люба финалы ¼ -ӕм этапы, рацыд Хуссар Иры паддзахадон радио "Ир" ӕмӕ Цӕгат Иры радио "Алания"-йы эфиры.