Хуссар Иры нысан кӕнынц Славяйнаг фыссынад ӕмӕ культурӕйы бон

© Sputnik / Сергей Пятаков /  Ахизын медиабанкмæСлавяйнаг фыссынад ӕмӕ культурӕйы бон
Славяйнаг фыссынад ӕмӕ культурӕйы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Славяйнаг фыссынад ӕмӕ культурӕйы бон ӕрвылаз нысан кӕнынц ӕппӕт Уӕрӕсейы, афтӕ ма ӕндӕр бӕстӕты дӕр 24 майы

ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацӕудзысты мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты Славяйнаг фыссынад ӕмӕ культурӕйы боны цытӕн, хъусын кӕны Уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центры пресс-службӕ Цхинвалы.

Цхинвалы банысан кодта зындгонд классикы 219-ӕм гуырӕнбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Пушкины ныхӕстӕй": Цхинвалы банысан кодта зындгонд классикы 219-ӕм гуырӕнбон

Славяйнаг фыссынад ӕмӕ культурӕйы бон ӕрвылаз нысан кӕнынц ӕппӕт Уӕрӕсейы 24 майы, афтӕ ма ӕндӕр бӕстӕты дӕр. Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц сыгъдӕг Кирилл ӕмӕ Мефодийы цытӕн. Уыдон 863 азы сарӕзтой славяйнаг дамгъӕтӕ, уый фӕрцы райтынг сты уӕрӕсейаг культурӕ ӕмӕ литературӕ.

Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджыты Ассоциацийы президент Тедеты Зӕлинӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахуыргӕнӕндӕтты ацӕудзысты мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты ацы бӕрӕгбонӕн.

"Мадзӕлттӕ уадздзысты республикон скъолаты уӕрӕсейаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджытӕ. Славяйнаг фыссынады бонӕн нывонд мадзӕлттӕ райдыдтой цыппӕрӕмы, ӕхсӕзӕм скъолайы, уый фӕстӕ эстафетӕ райстой ӕндӕр скъолатӕ дӕр", - банысан кодта уый.

Тедеты Зӕлинӕ банысан кодта, бӕрӕгбоны фӕлгӕтты майрӕмбоны ХИПУ-йы кӕй ацӕудзӕн зонадон-практикон конференци, кӕцы нывонд у Александр Пушкины райгуырдыл 220 азы сӕххӕст ӕмӕ Хетӕгкаты Къостайы райгуырдыл 160 азы сӕххӕсты цытӕн. Афтӕ ма мадзалы рӕстӕджы схорзӕхджын кӕндзысты уӕрӕсейаг ӕвзаджы алыгъуызон конкурсты уӕлахиздзауты.

Ног хабӕртты лентӕ
0