Арӕнгӕрон управлени: Хуссар Иры цӕрджытӕн сӕ бон фынӕй кӕнын у ӕдасӕй

© Пресс-служба Погрануправления ФСБ РФ в РЮО Уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ Хуссар Иры
Уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Федералон ӕдсдзинады службӕйы Арӕнгӕрон хайады кусджытӕ ацы аз нысан кӕнынц дыууӕ бӕрӕгбоны – уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнӕн органты сӕвзӕрды афӕдзы бон ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сӕ службӕйыл 10 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон

ЦХИНВАЛ, 28 май – Sputnik. Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ Хуссар Ирыстоны дыццӕджы нысан кӕнынц Уӕрӕсейы арӕнгӕрон органты сӕвзӕрдыл 101 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон, хъусын кӕны Уӕрӕсейы Арӕнгӕрон службӕйы пресс-службӕ.

РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент раарфӕ кодта ФХМ коллективӕн сӕ бӕрӕгбоны цытӕн

Уӕрӕсейы нырыккон арӕнхъахъхъӕнӕн органты истори райдыдта 1918 азы 28 майы, Адӕмон къамисартӕ Декрет куы бафыстой Уӕрӕсейы советон федеративон республикӕйы Арӕнгӕрон службӕйы сӕвзӕрды фӕдыл, уый фӕстӕ.

"100 азы дӕргъы арӕн хъахъхъӕнджытӕ ӕрвылбон хъахъхъӕнынц паддзахадон арӕнтӕ. Абон, Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕн ПӔК Арӕнгӕрон службӕимӕ иумӕ уӕрӕсейаг арӕнгӕрон службӕйы кусджытӕ куы хъахъхъӕнынц, уӕд Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн сӕ бон фынӕй кӕнын у ӕдасӕй", - дзырдӕуы хайады хъусинаджы.

Ацы датӕйӕ дарддӕр ма Хуссар Ирыстоны 2019 азы нысан кӕнынц республикӕйы территорийыл уӕрӕсейаг Арӕнгӕрон службӕйы архайдыл 10 азы сӕххӕст, банысан кодта йӕ арфӕйы президент Бибылты Анатолий, кӕцыйы ныхӕстӕ хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы арӕнхъахъхъӕнджыты пайдаджын ӕмгуыстад дӕтты ныфс, сӕ службӕйон хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕй цӕудзысты цӕсгомджынӕй", - дзырдӕуы арфӕйы телы.

Бибылты Анатолий равдыста ныфс, уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ дарддӕр дӕр бӕрнон службӕ кӕй хӕсдзысты, цӕмӕй сабырдзинад уа Хуссар Ирыстоны зӕххыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0