Хуссар Иры президент раарфӕ кодта ФХМ коллективӕн сӕ бӕрӕгбоны цытӕн

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ хицауад
РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдон сарӕзтӕуыд 1992 азы 38 майы, уый ссис Хуссар Ирыстоны фыццаг паддзахадон органтӕй иу

ЦХИНВАЛ, 28 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕддагполитикон уагдон хъахъхъӕны бӕстӕйы интерестӕ дипломатон фронтыл ӕмӕ алцыдӕр аразы республикӕйы райрӕзтӕн. Уый тыххӕй дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы арфӕйы республикӕйы дипломаттӕн, кӕцытӕ дыццӕджы нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон.

РХИ президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хӕдбардзинады рупор: Бибылты Анатолий саргъ кодта Хуссар Иры журналистты тӕссаг куыстӕн

Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадыл (ФХМ) дыццӕджы сӕххӕст 27 азы. Ӕддагполитикон уагдон ссис фыццаг паддзахадон органтӕй иу -  иннӕ бон Уӕлдӕр Совет райста Акт республикӕйы паддзахадон суверенитеты фӕдыл.

"Сымах дарддӕр кӕнут уӕ развӕдгӕнджыты традицитӕ ӕмӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕнут уӕ профессионалон хӕслӕвӕрдтӕ, реализаци кӕнут бӕстӕйы ӕддагполитикон курс", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий загъта бузныг дипломаттӕн се 'нтыстджын куысты тыххӕй. Президент равдыста ныфс, дипломаттӕ сӕ профессионализмы руаджы дарддӕр дӕр кӕй ӕххӕст кӕндзысты РХИ националон ӕдасдзинад ӕмӕ райтынг кӕндзысты политикон, кусӕгон ӕмӕ гуманитарон ӕмгуыстад фӕсарӕйнаг бӕстӕтимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0