Хуссар Иры командӕ ахызт Европӕйы чемпионат ConIFA – 2019 ӕрдӕгфиналмӕ

© instagram/conifaofficialХуссар Иры командӕ ахызт Европӕйы чемпионат ConIFA – 2019 ӕрдӕгфиналмӕ
Хуссар Иры командӕ ахызт Европӕйы чемпионат ConIFA – 2019 ӕрдӕгфиналмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ир ӕмӕ Секейы крайы хсӕн хъаст фӕцис 2:2 хыгъдӕй. Хуссарирыстойнаг командӕйӕн уый уыд фыццаг хъаст турниры, кӕцы ахицӕн ӕмдыхӕй

ЦХИНВАЛ, 4 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Секейы крайы командӕты хсӕн хъаст, кӕцы ацыд Аскераны, ахицӕн ӕмдыхӕй.

Фыццаг таймы голтӕ нӕ уыд, фӕлӕ фадӕттӕ уыд дыууӕ командӕйӕн дӕр.

Хуссар Иры радон уӕлахиз ConIFA-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры радон уӕлахиз ConIFA-йы: ацы хатт рамбылдтой Паданийы командӕйы

Дыккаг таймы райдайӕны фыццаг бурти бакодта нӕ ныхмӕлӕууӕджы размӕбырсӕг Барна Векас. 72-ӕм минутӕйыл хуссарирыстойнаг командӕйы размӕбырсӕг Гуырциаты Батрадз дӕр бакодта гол ӕмӕ хыгъд ссис 1:1.

Секейы крайы та размӕ ракодта Ботонд Ковакс, фӕлӕ цалдӕр минуты фӕстӕ йӕ радон гол бакодта Гуырциаты Батрадз, ӕмӕ афтӕмӕй хъаст фӕцис ӕмдыхӕй.

Хуссар Ирыстоны у "B" къорды лидер авд очкоимӕ. Ивгъуыд дыууӕ хъазты Хуссар Ирыстоны командӕ рамбылдта Ныгуылӕны Сомих ӕмӕ Паданийы ӕмхуызӕн хыгъдӕй - 2:1.

Футболон организаци ConIFA æрцыд арæзт 2013 азы июны æмæ иу кæны æнæнымад бæстæты футболон ассоциациты. 2018 азы сӕрды Лондоны ацыд ConIFA дунейы кубок. Уӕд Хуссар Ирыстоны футболисттӕн нӕ бантыст райсын ӕмбӕлгӕ баллтӕ, цӕмӕй хайад райсой ерысты, фӕлӕ сӕ фӕхуыдтой турнирмӕ, куыд уазджыты, афтӕ. Футболисттӕ рацыдысты националон тырысаимӕ хайадисджыты традицион парады рӕстӕджы.

Европæйы Чемпионат ConIFA цæудзæн Хæххон Карабахы 9 июньмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0