Цхинвалы сӕрдыгон лагеры баулæфдзæн 450 сывæллоны

© Пресс-служба президента РЮОСӕрдыгон лагерь
Сӕрдыгон лагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Боны лагерь Цхинвалы скъола-интернаты бындурыл йæ куыст райдайдзæн мæйы кæрон

ЦХИНВАЛ, 6 июн – Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы скъола-интернаты бындурыл боны лагерь райсдзæн ацы аз 450 сывæллоны. Сабиты улæфæндоны бынæттæм ацы аз бафтыдтой уæлæмхасæй 150, лагерьмæ сæ зæнæг бакæныны фæнд чи кодта, уыдон егъау нымæц ахадгæйæ, фехъусын кодта Sputnik Ахуырады министрады кусæг Джиоты Эльза.

Лагерь Хуры тын: сывӕллӕтты улӕфт Цхинвалы у ӕдас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лагерь "Хуры тын": сывӕллӕтты улӕфт Цхинвалы у ӕдас

Лагерь йæ дуæрттæ бакæндзæн мæйы кæрон, æдæппæтæй дзы баулæфдзысты 450 сывæллоны æртæ дихæй.

"Цхинвалы скъола-интернаты бындурыл лагеры æвылаз дæр баулæфы 300 сывæллоны, фæлæ кæй фæнды, уыдон нымæц алыхатт дæр вæййы фылдæр, уымæ гæсгæ бынæтты нымæц фæфылдæр кодтам ацы аз. Фæнд кæнæм лагерь æрбакæнын июны кæрон", - загъта Джиоты Эльза.

Уый ма банысан кодта, фæстæдæр ноджы иу лагерь та кæй бакæндзæн Дзауы скъола-интернаты бындурыл.

"Дзауы скъола-интернаты лагеры та сывæллæттæ баулæфдзысты дыууæ къордæй, уый йæ куыст райдайдзæн июлы", - бафтыдта агентады ныхасæмбал.

Ног хабӕртты лентӕ
0