Хуссар Иры райдыдтой парламентон æвзæрстытæ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры райдыдтой парламентон æвзæрстытæ
Хуссар Иры райдыдтой парламентон æвзæрстытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
VII æрсидты парламенты 34 бынатмæ претенденттæ сты 99 иумандатон кандидат æмæ авд политикон парти

ЦХИНВАЛ, 9 июня — Sputnik. Хуссар Ирыстоны райдыдта хъæлæсæппæрст республикæйы парламенты VII æрсидты депутаттæм. Райсом аст сахатæй сæ куыст райдыдтой æппæт 77 æвзарæн фадгуытæ, цыппар фаджыджы кусы фæсарæнты – фæйнæ Мæскуыйæ æмæ Сухумы, ноджы ма дыууæ фадыджы та Цæгат Ирыстоны.

Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир сӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕн парламентон ӕвзӕрстыты тыххӕй

VII æрсидты парламенты 34 бынатмæ претенденттæ сты авд политикон парти - "Иугонд Ирыстон", "Дзыллæйы иудзинад", "Ныхас", "Иудзинад", "Адæмон парти", "Фыдыбæстæ", "Коммунистон парти" æмæ 99 иумандатон кандидат, уыдонæй 60 раразмæ кодтой партитæ.

Парламентон æзæрстытæм Хуссар Иры сæ цæст дарынц æхсæнадæмон цæстдарджытæ Уæрæсейы æмæ фæсарæнтæй.

Парламент фидаргонд æрцæудзæн æмхæццæ мажоритарон-пропорционалон системамæ гæсгæ. Уæвгæ 34 бынты æмбис æвзæрст æрцæудзæн иумандатон зылдтæм гæсгæ, аннæтæ уыдзысты партийы номхыгъдтæй. Ахæм системæмæ републикæ раздæхт 15 фæстæ. IV , V æмæ VI æрсидты закондæттæг органтæ фидар цыдысты партиты номхыгъдæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0