Гасситы Мураты тренер комментаритæ сарæзта Усикимæ реваншæн

© Sputnik / Евгения Новоженина /  Ахизын медиабанкмæБоксер Гасситы Мурат
Боксер Гасситы Мурат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сланты Виталийы ныхæстæм гæсгæ, цæмæй фембæлд цымыдисондæр уа, уый тыххæй боксертæ хъуамæ аиуварс кæной цалдæр "топы" æмæ бацæуой кæрæдзийы онг

ЦХИНВАЛ, 13 июн — Sputnik. Гасситы Мураты тренер Сланты Виталий радзырдта РИА Новости, нырма рæстæг кæй нæу ирон боксер æмæ украинæйаг Александр Усикы реванш ауадзыныл дзурынæн.

Гасситы Мурат  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рабӕрӕг Гасситы Мураты фидӕны ныхмӕлӕууӕджы ном

"Ныртæккæ реваншыл дзурын ницы пайда у. Усикы дæр æмæ мах дæр нырма хъæуы бацæуын реваншы онг. Цæмæй дыккаг фембæлд цымыдисондæр уа, уый тыххæй хъуамæ боксертæ аиуварс кæной цалдæр "топы" æмæ бацæуой кæрæдзийы онг", — загъта Сланты Виталий.

Апрелы дунейы экс-чемпион WBA æмæ IBF верситæм гæсгæ Гасситы Мурат бафыста контракт стримингон сервис DAZN-имæ æмæ рахызт уæззау уæзмæ.

Гасситы Мурат бахӕццӕ Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы финалмӕ, цы ран 2018 азы июлы фембылд украинаг Александр Усикӕн. Финалон тохы фӕстӕ боксерӕн сарӕзтой операци йӕ уӕхскыл. Ирон боксер ногӕй райдыдта тренировкӕ кӕнын ацы аз январы.

Усик дæр рахызт уæззау уæзмæ, фæлæ йын ног категорийы дебют нырма нæ уыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0