Хуссар Ир тæрсы Гуырдзыйы биологон хæцæнгарзæй – президент

© Air Force TimesЛаборатори
Лаборатори  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент тæссагдзинад равдыста Хуссар Ирыстоны арæнмæ хæстæг Гуырдзыстоны биолабораторийы куысты тыххæй, уый зæрдыл æрлæууын кодта хуыйы гриппы апарахат зымæджы æмæ ног зианхæссæг цæрæгойты фæзынд

ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстон сиды Лугарайы лабораторийы мониторинг ауадзынмæ, фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий сирийаг ДИФ-æн интервьюйы.

Журналистты къорд Ӕввахс скæсæнæй (фылдæр бæрцæй сириæгтæ) ацы къуыри уыд Хуссар Ирыстоны. Ӕндæр хъуыддæгты æмрæнхъ журналисттæ фембæлдысты президентимæ. Интервьюйы текст мыхуыр æрцыд паддзахады сæргълæууæджы сайтыл.

Уӕрӕсейы гриппӕй фӕрынчынуӕвӕг адӕмы нымӕц бонӕй бонмӕ кӕны фылдӕр. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Григорий Кулиджанов: Хуссар Ирыстоны нӕй "хуыйы грипп"

2011 азы америкæйæгты арæзт лабораторийы тыххæй дзургæйæ, президент загъта, цы тас хæссы, уый тыххæй.

"Зымæджы нæм уыд гриппы эпидеми, уый райдыдта Гуырдзыстонæй. Хуыцауы фæрцы, мах афоныл сæхгæдтам арæн æмæ ныл уадиссаг нæ бандæвта. Фæлæ Гуырдзыстоны низæй мард адæм. Кæд ацы лабораторийы тæссагæй ницы ис, уæд дзы уæрæсейаг специалистты цæмæннæ уадзынц? Цыдæр дзы нывыл нæу, фæзыны æнахуыр низтæ. Абхазы апарахат ис хъулон хъæндил, фæзынд дзы Хуссар Иры дæр", - загъта президент.

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент Бибылты Анатолий радта интервью сирийаг журналисттæн
Хуссар Ир тæрсы Гуырдзыйы биологон хæцæнгарзæй – президент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент Бибылты Анатолий радта интервью сирийаг журналисттæн

Уый ма банысан кодта, Хуссар Ирыстон кæй домы ацы лабораторийы мониторинг.

"Кæд мониторинг саразæн ис Сирийы, уæд цæмæннæ ис саразын Гуырдзыстоны? Мах æвисæм тæссагдзинад æмæ сидæм æхсæнадæмон æмæхсæнадмæ æмæ организацитæм, кæцытæ хъуамæ мониторинг кæной химикон æмæ биологон хæцæнгарз", - загъта Бибылты Анатолий.

Уый ма бафтыдта, нырмæ сидæнтæ кæй ницæмæ ʻркодтой, уымæн æмæ "ацы лаборатори хорзæй кæй ницы хæссы нæдæр Гуырдзыстонæн, нæдæр Хуссар Ирæн, уый зæгъыны бæрн йæхимæ ничи исы".

Ног хабӕртты лентӕ
0