Бельгийы бакодтой "Ирон культурæйы бонтæ"

© МИД РЮОБельгийы бакодтой "Ирон культурæйы бонтæ"
Бельгийы бакодтой Ирон культурæйы бонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзалы баконды хайад райста Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий

ЦХИНВАЛ, 20 июн - Sputnik. Бельгийы бакодтой "Ирон культурæйы бонтæ Европæйы", хъусын кæны РХИ ФХМ сайт. Банысан æрцыд, мадзæлтты кæй архайы Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий.

Ирон культурæйы бонтæн Европæйы лæвæрд æрцæудзæн ног статус

Баконды фæлгæтты 19 июны Брюсселы зонад æмæ культурæйы уæрæсейаг центры ацыд тымбыл фынг "Мосты сотрудничества". Хайад дзы райстой Европæ æмæ Ирыстоны зонадон æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ, ирон диаспорæты уæнгтæ. Мадзал бакодта æхсæнадæмон ассоциаци "Renaissance-Sandidzan"-ы сæрдар Пухаты Родион.

Ӕрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий. Уый банысан кодта, ахæм мадзæллæ Европæ æмæ дунейы æндæр хæйтты ауадзыны ахсджиагдзинад, уымæн æмæ уыдон фадат дæттынц Ирыстоны равдисын аивады æмæлттæй, "уыдон та тæлмац нæ домынц".

Пухаты Радион: Бельгийы терактты рæстæджы ирон диаспорæйы уæнгтæ нæ баййæфтой зиан

Мадзал адарддæр ис нывæфтыд фильм "Бача"-йы премьерон равдыстæй , кæцыйы автортæ сты Дыгъуызты Алан æмæ Кæсойты Алан.

Бæрæгбоны фæлгæтты ацыд ирон нывгæнджыты IX æхсæнадæмон равдыст сери "Arv-Art"-æй, уым бавдыстгонд æрцыдысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны нывгæнджыты куыстытæ.

Ирон культурæйы бонтæ цæудзысты июны кронмæ Брюссель æмæ Люксембургы.

Ног хабӕртты лентӕ
0