Уæлахиз æмæ мастеры ном: цхинвайлаг æрмхæцджытæ стох кæндзысты æппæтуæрæсейон турниры

© Sputnik / Из архива тренера В. ДжиоеваЦхинвайлаг æрмхæцджытæ стох кæндзысты æппæтуæрæсейон турниры
Цхинвайлаг æрмхæцджытæ стох кæндзысты æппæтуæрæсейон турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортсментæй иуæн ис æхсæнадæмон спорты мастеры ном, фæлæ аннæ фæсивæдæн ацы турнир дæтты Уæрæсейы спорты мастеры ном райсыны фадат

ЦХИНВАЛ, 28 июн - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры æрмхæцджыты командæ стох кæндзæн Уæрæсейы сгуыхт тренер Еналдыты Асланбеджы номыл æппæтуæрæсейон турниры Дзæуджыхъæуы. Цхинвайлаг лæппутæн гурахстджын турниры уæлахиз æрхæсдзæн Уæрæсейы спорты мастеры нæмттæ, фехъусын кодта Sputnik армспорты тренер Джиоты Валерий.

Турнирмæ раразмæгонд æрцыдысты Сиукъаты Родион (65кг), Кæсæбиты Владислав (70кг), Хæбæлаты Арсен (75кг æмæ Кæсæбиты Сæрмæт (85кг). 80 кг уæзы тох кæндзысты Плиты Батрадз æмæ Хæбæлаты Эдуард. 100 кг уæзæй фылдæр категорийы та тохы бацæудзæн Хуссар Иры иууыл æнтыстджындæр æрмхæцæг Гасситы Сослан.

"Тынг стыр конкуренци ис турниры, нæй дзы кары арæнтæ - кæстæрæй, хистæрæй тох кæнынц иумæ. Иу уæзы категорийы тох кæнынц 30-40 спортсмены бæрц, уымæ гæсгæ рамбулын хуымæтæг нæ уыдзæн, фæлæ кæнæм хорз цæттæ фæсивæд" - загъта тренер.

Уый ма банысан кодта, Гасситы Сосланæн кæй ис æхсæнадæмон спорты мастеры ном, фæлæ аннæ фæсивæдæн та ацы турнир дæтты Уæрæсейы спорты мастеры ном райсыны фадат.

Дунейы æмæ европæйаг ерысты уæлахиздзау армспортæй Гасситы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕхсæзæм сыгъзæрин: армрестлер Гасситы Сослан рамбылдта дунейон ерыстæ Анталияйы

Командæйы уæнгтæ цæттæ кæнынц Цхинвалы тренертæ Джиоты Валерий, Коцты Дмитрий æмæ Бететы Аланы къухдариуæгады бын.

Мадзалы цæудзæн 29 июны Дзæуджыхъæуы, спорты галуан Манеж"-ы, хъусын кæны РЦИ-А спорты министрады пресс-службæ.

Ерыстæ æрæмбырд кæндзысты 200-йæ фылдæр спортсмены Уæрæсейы 27 субъектæй.

Мадзалы организатортæ - Цæгат Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты министрад æмæ Цæгат Ирыстоны Армрестлингы федераци.

Ног хабӕртты лентӕ
0