Гасситы Сослан рамбылдта гуырахстджын турнир Дзæуджыхъæуы

© Из архива тренера В.ДжиоеваЕрысты уæлахиздзау Гасситы Сосланы ралæуд æрдæгфиналы
Ерысты уæлахиздзау Гасситы Сосланы ралæуд æрдæгфиналы   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Аннæ цхинвайлаг спортсмен Хæбæлаты Арсен та ссис бронзæйон призер

ЦХИНВАЛ, 1 июл - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры æрмхæцджытæ рамбылдтой сыгъзæрин æмæ бронзæ майдантæ Уæрæсейы сгуыхт тренер Еналдыты Асланбеджы номыл æппæтуæрæсейон турниры Дзæуджыхъæуы. Профессионалты ʻхсæн та радон хатт æмсæр ныхмæлæууæг нæ разынд Гасситы Сосланæн, æнтыстджын уыд аннæ æрмхæцæг Хæбæлаты Арсен дæр, фехъусын кодта Sputnik армспорты тренер Джиоты Валерий.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, командæ авд æрмхæцæджы скондæй тох кодта нывыл, фæлæ турниры конкуренци уыд дунейон ерыстæй бæрзонддæр.

"Нæ æрмхæцджытæй алкæцыдæр у бæдæйнаг. Сæхи аккаг равдыстой, уæлахиздзауы пьедесталмæ чи не схызт, уыдон дæр. Нæ æрыгон спортсментæ тох кодтой 25-30 аздзыд фæлтæрд æрмхæцджытимæ", - загъта тренер.

Уый ма банысан кодта, уæлдай раппæлинаг кæй сты Гасситы Сослан æмæ Хæбæлаты Арсен.

"Сосланæн профессионалты хсæн нæ разынд æмсæр ныхмæлæууæг æмæ та радон хатт ссис уæлахиздзау. Æрдæгфиналы уый ныббырста 180 кг уæзы спортсмены. Стыр конкуренцийы уавæрты диссаджы тохтæ равдыста Хæбæлаты Арсен, уый райста турниры бронзæ ", - бафтыдта Джиоты Валерий.

Цхинвайлаг æрмхæцджытæ стох кæндзысты æппæтуæрæсейон турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæлахиз æмæ мастеры ном: цхинвайлаг æрмхæцджытæ стох кæндзысты æппæтуæрæсейон турниры

Гасситы Сослан у Хуссар Ирыстоны иууыл æнтыстджындæр æрмхæцæг, хистæр кары категоримæ ахызты агъоммæ æхсæз азы дæргъы уыд æппынæдзух лидер, хорз бæрæггæнæнтæ æвдисы профессионалты хсæн дæр.

Хæбæлаты Арсен у 2017 азы дунейон ерысты æвзист призер æмæ 2019 азы Европæйы уæлахиздзау.

Командæйы уæнгтæ цæттæ кæнынц Цхинвалы тренертæ Джиоты Валерий, Коцты Дмитрий æмæ Бететы Аланы къухдариуæгады бын.

Мадзал цыд 29 июны Дзæуджыхъæуы, спорты галуан Манеж"-ы. Ерыстæ æрæмбырд кодтой 200-йæ фылдæр спортсмены Уæрæсейы 27 субъектæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0