Хуссар Иры хъӕбысхӕсты федераци схорзӕхджын кодта Европӕйы чемпион Бестауты Андрейы

© Пресс-служба Комитета по молодежной политике, спорту и туризмуХуссар Иры хъӕбысхӕсты федераци схорзӕхджын кодта Европӕйы чемпион Бестауты Андрейы
Хуссар Иры хъӕбысхӕсты федераци схорзӕхджын кодта Европӕйы чемпион Бестауты Андрейы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Бестауты Андрей ӕмӕ йӕ тренерӕн радтой ӕхцайы сертификаттӕ

ЦХИНВАЛ, 9 июл — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Европӕйы фыццагады уӕлахиздзау уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Бестауты Андрей ӕмӕ йӕ тренер Коцты Тамерланӕн радтой сертификаттӕ 300 мин сомы бӕрц спортивон хъӕбысхӕсты федерацийы президент Тедеты Дзамболаты номӕй. Уый тыххӕй фехъусын кодта фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ. Бӕрӕгбонон церемони ацыд къуырисӕры спорты галуан "Олимп"-ы.

Бестауты Андрей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нысан – олимпиаг сыгъзæрин: ирон богал радзырдта йæ уæлахизы тыххæй Европæйы фыццагады

Спортсмен ӕмӕ тренеры схорзӕхджын кодта федерацийы вице-президент Табуты Роберт, кӕцы сын раарфӕ кодта ахӕм ирд уӕлахизы тыххӕй Европӕйы фыццагады.

"Бӕдӕйнӕгтӕ стут. Стыр ӕнтыстытӕ уын фидӕны", - загъта Табуты Роберт.

Мадзалы хайад райстой фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты кусджытӕ, спортивон хъӕбысхӕсты федерацийы минӕвӕрттӕ ӕмӕ республикӕйы спортивон скъолаты разамонджытӕ.

Хуссар Ирыстоны уӕгъдибар хъӕбысхӕсты секцийы хъомылгӕнинаг Бестауты Андрей ссис Европӕйы чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Европӕйы фыццагады Италийы 22 июны. Юношӕты хсӕн ерысты Фаэнцы Бестауты Андрей архайдта уӕрӕсейаг командӕйы сконды. Уый ссис уӕлахиздзау 110 килограмм уӕзы категорийы ӕмӕ рамбылдта йӕ ныхмӕлӕуджыты иумӕйаг хыгъдӕй 32:0. Финалон тохы ирон богал рамбылдта болгариаг Георгий Любомиров Ивановы 10:0 хыгъдӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0