Хуссар Иры августы райдайдзысты агурын "уазæг" фыранкы

© Fotolia / ArtushПереднеазиатский леопард
Переднеазиатский леопард - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кавказаг фыранк Эльбрусы агурдзысты Бурсамдзелимæ хæстæг Урс Дзуары комы август-сентябры

ЦХИНВАЛ, 22 июл – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры кæмтты мит куы батайа, уæд бавналдзысты фесӕфӕг Кавказаг фыранкы агурынмæ. Агурæн экспедици нысангонд æрцыд август – сентябрьмæ, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайдакӕнынады комитеты сӕрдар Бестауты Бала.

2018 азы сӕрды Цӕгат Ирыстоны националон парчы ауагътой дыууӕ фыранкы - нӕл Эльбрус ӕмӕ сыл Волнайы. Эльбрус, хъуырцӕджы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕрбахызт Хуссар Иры территоримӕ, фӕлӕ уым декабрӕй фӕстӕмӕ фесӕфт йӕ фӕд.

"Кавказаг фыранкы агурдзысты Бурсамдзелимæ хæстæг Урс Дзуары комы. Бæлццæттæн æххуыс кæндзысты нæ комитеты кусджытæ мæ УУМ лæппутæ Тедеты Тамерланы сæргълæудæй", - загъта Бестауты Бала.

Центр разведения и реабилитации леопарда в Сочи - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны хъӕдты та ногӕй фӕзынд фыранк

Хуссар Иры фæстаг фыранк амардтой 1956 азы. Знауыры районы Ӕрзæты хъæуы( Цънелисы) цæрæг фембæлд сырдыл, се ʻхсæн бацайдагъ ис тох. Лæг уæззау ныхмæлæуды амардта фыранкы, йæхæдæг зындгонд хирург Пухаты Ильяйы фæрцы аирвæзт. Ацы азы райдайæны та Знауыры районы Малдамæ хæстæг фехъуыстой ацы сырды уынæр.

"Азы райдайæны хъæуы цæрджытæ хъусын кодтой нахуыр уынæр кæй хъуыст хъæдæй. Стæй ма ацы бынæтæй фæлыгъдысты тугдзых сырдтæ. Хуссар Иры фæстаг фыранк куы федтой, уый фæстæ дæр Шанхайы цæрæг ацы кæмтты фембæлд фыранкыл. Уымæ гæсгæ гæнæн ис æмæ та ам ногæй фæзынд фыранк", - бафтыдта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0