Хуссар Иры аскъуыддзаг кодтой ӕрранизы ныхмӕ вакцинӕйы цухдзинады проблемӕ

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры аскъуыддзаг кодтой ӕрранизы ныхмӕ вакцинӕйы цухдзинады проблемӕ
Хуссар Иры аскъуыддзаг кодтой ӕрранизы ныхмӕ вакцинӕйы цухдзинады проблемӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзӕгъӕл куыйтӕ адӕймагыл арӕх кӕй райдыдтой хӕцын, уый тыххӕй фӕзынд препараты дефицит. Ныртӕккӕ проблемӕ аскъуыддзаг кодтой, фидарӕй загъта Игорь Галь

ЦХИНВАЛ, 26 июл – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад аскъуыддзаг кодта ӕрранизы ныхмӕ вакцинӕйы цухдзинады проблемӕ, загъта Sputnik пресс-конференцийыл уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Игорь Галь.

Хуссар Иры МХМ радзырдта дзӕгъӕл куыйты проблемӕйы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МХМ радзырдта дзӕгъӕл куыйты проблемӕйы тыххӕй

Амӕйразмӕ хуссарирыстойнаг медикты зӕрдӕ ӕхсайдта препаратты цухдзинадмӕ. Афтӕмӕй азы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ срегистраци кодтой 300 куырдиатӕй фылдӕр медиктӕм куыйты фӕхӕцыны фӕдыл.

"Проблемӕ аскъуыддзаг кодтам. Фарст ис цӕстдарды бын", - загъта Игорь Галь.

Дзӕгъӕл куыйты проблемӕйы фӕдыл радзырдтой республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады дӕр. Уагдоны фехъусын кодтой, тӕссаг уавӕры рӕстӕджы кӕй хъӕуы фӕдзурын радгӕсон хайадмӕ, тыхон структурӕтӕн та бар ис пайда кӕнын хӕцӕнгарзӕй, цӕмӕй ӕнӕзианхъом скӕной сырды.

Ног хабӕртты лентӕ
0