Олимпиаг чемпион Рӕмонаты Сосланы раразмӕ кӕндзысты Дзӕуджыхъӕуы Горӕтон думӕмӕ

© Sputnik / Александр Вильф /  Ахизын медиабанкмæРӕмонаты Сослан
Рӕмонаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзӕуджыхъӕуы Горӕтон думӕмӕ ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты сентябры

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik. Олимпиаг чемпион-2016, уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Рӕмонаты Сослан бахызт парти "Патриоты России"-йы кандидатты номхыгъдмӕ Дзӕуджыхъӕуы Горӕтон думӕмӕ, хъусын кӕны Ossetia News сенатор Фадзайты Арсены ныхӕстӕ.

Рӕмонаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рӕмонаты Сослан ногӕй райдайдзӕн тренировкӕ кӕнын

Афтӕ ма кандидатты номхыгъдмӕ бахызт уӕрӕсейы командӕйы сӕйраг тренер уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Тедеты Дзамболат.

"Нӕ кандидатты хсӕн сты культурӕ ӕмӕ ахуырады минӕвӕрттӕ, спортсментӕ. Ис дзы олимпиаг чемпионтӕ дӕр. Фӕлӕ хъӕбысӕйхӕцӕг дзы ис ӕрмӕстдӕр иу – Рӕмонаты Сослан. Ӕндӕр партиты дӕр ис олимпиаг чемпионтӕ. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыдон ӕрхӕсдзысты пайда", - хъусын кӕны портал Фадзайты Арсены ныхӕстӕ.

Кандидатты номхыгъдтӕ нырма кӕронмӕ фидаргонд не рцыдысты. Дзӕуджыхъӕуы Горӕтон думӕмӕ ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты сентябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0