Хуссар Ир ног низты апарахаты азымджын кӕны Лугарайы лабораторийы Гуырдзыстоны

© Air Force TimesЛаборатори Лугара
Лаборатори Лугара - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Биолабораторийы архайды райдайӕнӕй фӕстӕмӕ республикӕйы фӕзынд регионӕн экзотикон инфекцитӕ ӕмӕ бырӕгойтӕ, банысан кодта "Югоссельхознадзоры" сӕдар

ЦХИНВАЛ, 6 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад ног низты апарахаты азымджын кӕны Лугарайы лабораторийы архайд Гуырдзыстоны, фехъусын кодта РХИ паддзахадон ветеринарон ӕмӕ фитосанитарон цӕстдарды службӕйы разамонӕг Мӕргъиты Алан.

Уый банысан кодта, лаборатори кӕй райдыдта кусын 2011 азы, ӕмӕ уыцы рӕстӕгӕй фӕстӕмӕ республикӕйы фӕзынд хуыты африкӕйаг емынӕ, кӕцыйы ныхмӕ абон дӕр нӕй вакцинӕ.

"Фарон нӕм уыд нодулярон дерматиты низ дӕр. Уый у ставд фосы низ, кӕцы фыццаг хатт фӕзынд республикӕйы территорийыл", - хъусын кӕны РИА Новости Мӕргъиты Аланы ныхӕстӕ.

Службӕйы разамонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстон ӕмӕ фылдӕр та Абхаз зиан баййӕфтой хъулон хъӕндилӕй.

Лаборатори  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир тæрсы Гуырдзыйы биологон хæцæнгарзæй – президент

"Хъулон хъӕндил цӕры Америкӕйы, иу азмӕ дӕтты ӕртӕ цоты. Хъӕндил, кӕцы бахаудта Абхазы территоримӕ Гуырдзыстонӕй, иу азмӕ дӕтты фылдӕр цот йӕ америкӕйаг ӕфсымӕрмӕ абаргӕйӕ. Гӕнӕн ис ӕмӕ уый у йӕ модификацигонд хуызӕг", - загъта Мӕргъиты Алан.

Уый бахахх кодта, хъулон хъӕндил фыццаг хатт кӕй фӕзынд Гуырдзыстоны цур арӕнгӕрон районты, арӕны иннӕ фарс хъӕуты дӕр бырӕгой ӕрхаста стыр зиан.

Службӕйы сӕрдар бафтыдта, зӕгъгӕ, республикӕйы хицауадмӕ нӕй информаци Лугарайы лабораторийы архайды тыххӕй, объект ӕхгӕд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ.

"Мах нӕ зонӕм, цы архайынц лабораторийы территорийыл, уымӕн ӕмӕ уырдӕм никӕй уадзынц. Уыдон нын хӕссынц тӕссагдзинад. Махмӕ ис бӕрӕггӕнӕнтӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ бӕрӕг у, цалынмӕ лаборатори сарӕзтой, уӕдмӕ нӕм кӕй нӕ уыд ацы низтӕ", - бахахх кодта Мӕргъиты Алан.

2019 азы уалдзӕджы Уӕрӕсейы Федерацийы Ӕдасдзинады советы секретарь Рашид Нургалиев банысан кодта, хъулон хъӕндилы апарахаты аххосаг гӕнӕн ис кӕй уа Лугарайы лаборатори Тбилисы цур ӕмӕ фехъусын кодта, кӕй хъӕуы сӕххӕст ӕдасдзинады мадзӕлттӕ йӕ ныхмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0