Милицийы фӕцӕфуӕвӕг кусджыты аластой Хуссар Ирӕй Уӕрӕсемӕ

© Sputnik / Наталья АйриянРынчындон
Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гатыгкоты Захар ӕмӕ Пухаты Сослан, кӕцытӕ райстой уӕззау цӕфтӕ сӕрмагонд операцийы рӕстӕджы июлы, ацӕудзысты реабилитацийы курс Уӕрӕсейы МХМ рынчындоны

ЦХИНВАЛ, 8 авг - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджыты уавӕр, кӕцытӕ фӕцӕф сты Залдайы хъӕуы фыдгӕнджытимӕ кӕрӕдзи ӕхсты, фӕхуыздӕр ис. Милицийы кусджыты аластой Уӕрӕсейы МХМ рынчындонмӕ реабилитацийы курс рацӕуынмӕ, радзырдта Sputnik республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тотчиты Георгий.

"Уыдоны аластой реабилитацион мадзӕлттӕм сӕрмагонд рынчындонмӕ", - загъта Тотчиты Георгий.

Президент бабӕрӕг кодта фӕцӕфуӕвӕг милиционерты - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Уӕ фарсмӕ стӕм": президент бабӕрӕг кодта фӕцӕфуӕвӕг милиционерты

Министр банысан кодта, МХМ кусджытӕ кӕй райстой уӕззау цӕфтӕ ӕмӕ сӕ баластой республикон рынчындонмӕ критикон уавӕры. Ӕртӕ къуырийы дӕргъы дохтыртӕ тох кодтой сӕ цардыл.

"Ам сын фервӕзын кодтой сӕ цард", - бахахх кодта министр.

Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ Гатыгкоты Захар ӕмӕ Пухаты Сослан фӕцӕф сты 16 июлы Залдайы хъӕуы фыдгӕнджытӕ Къӕбысты Андрей ӕмӕ Гӕбӕраты Сӕрмӕтимӕ ӕхсты рӕстӕджы. Фыдгӕнджытӕ алыгъдысты цауы бынатӕй, фӕлӕ сӕ фӕстӕдӕр ӕрцахстой Гуырдзыстоны территорийыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0