Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой фӕсарӕйнаг журналистты

© Пресс-служба правительства РЮО Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой фӕсарӕйнаг журналистты
Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой фӕсарӕйнаг журналистты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны премьер-министр фембӕлд журналистты къордимӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты Цхинвалмӕ, цӕмӕй радзурой сӕ кӕсджытӕн республикӕйы царды тыххӕй гуырдзиаг агрессийӕ 11 азы фӕстӕ

ЦХИНВАЛ, 9 авг - Sputnik. Журналисттӕ хъуамӕ ма ӕмбӕхсой рӕстдзинад Хуссар Ирыстоны цауты тыххӕй, фехъусын кодта республикӕйы премьер-министр Пухаты Эрик фӕсарӕйнаг ДИФ-ты минӕвӕрттимӕ фембӕлды рӕстӕджы, кӕцытӕ уыдысты РХИ пресс-туры.

"Журналисттӕ хъуамӕ ма ӕмбӕхсой рӕстдзинад Республикӕ Хуссар Ирыстоны цауты тыххӕй. Сымах стут уыцы журналистты рӕнхъы, кӕцытӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ хӕслӕвӕрдтӕ", - хъусын кӕны Пухаты Эрикы ныхӕстӕ хицауады пресс-службӕ.

Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы номӕй премьер радта журналисттӕн республикӕйы паддзахадон хорзӕхтӕ.

Муш Бенуа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бельгийаг режиссер радзырдта, куыд фӕивта Хуссар Ир 2008 азы хӕсты фӕстӕ

Адӕмты хсӕн хӕларадон ахастыты райрӕзтмӕ хайбавӕрды тыххӕй кады грамотӕйӕ схорзӕхджын кодтой ирайнаг продюсер ӕмӕ журналист Хаял Муаззины.

Афтӕ ма хорзӕх радтой публицист Василий Прохановӕн РХИ ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн ӕмгуыстады райрӕзты сгуыхтдзинӕдты тыххӕй.

Ноджы ма иу хорзӕх – майдан "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты адӕмы уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн" – райста китайаг телеканал "Феникс"-ы ӕфсӕддон уацхӕссӕг Лу Юйгуан, кӕцы хъусын кодта 2008 азы августы хӕсты цауты тыххӕй.

Пухаты Эрик загъта бузныг журналисттӕн сӕ стыр профессионализмы тыххӕй.

"Мах хъуамӕ хъуыды кӕнӕм Хуссар Ирыстоны историйы трагикон цаутӕ иууылдӕр, алкӕцы хъайтары дӕр, кӕцытӕ сӕ цард радтой республикӕйы хӕрзӕбонӕн. Сымах архайды руаджы Хуссар Ирыстон рахызт информацион блокадӕйӕ 2008 азы августы. Республикӕйы къухдариуӕгады номӕй уын арфӕ кӕнын уӕ сгуыхт хорзӕхтӕ райсыны фӕдыл ӕмӕ уын бузныг дзурын уӕ тӕссаг куысты тыххӕй", - бахахх кодта Пухаты Эрик.

Республикӕйы къухдариуӕгадӕн бузныг загътой уазджытӕ дӕр.

Фӕсарӕйнаг журналистты пресс-тур уыд ӕртыккаг ацы аз: майы республикӕйы уыдысты Иран ӕмӕ Латинаг Америкӕйы ДИФ-ты минӕвӕрттӕ, иу мӕйы фӕстӕ та Иран ӕмӕ Сирийы информацион агентадты кусджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0