Цхинвалы бакæндзысты психологон реабилитацийы центр

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæПсихологон реабилитацийы центр
Психологон реабилитацийы центр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæджы ныхæстæм гæсгæ, абоны онг республикæйы нæй иу ахæм структурæ дæр, кæцы уадзит æмбæстæгты психологон реабилитаци

ЦХИНВАЛ, 15 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæнд кæнынц саразын психологон реабилитацийы центр. Уый тыххæй радзырдта Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæг Сиукъаты Наира тымбыл фынджы рæстæджы, цы ран уынаффæ кодтой фæсхæст периоды цæрджыты психологон уавæрыл.

Гуырæн хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсейаг специалисттæ радзырдтой Хуссар Иры медицинæйы æнтыстытыл
 Министры хæдивæджы ныхæстæм гæсгæ, абоны онг республикæйы нæй иу ахæм структурæ дæр, кæцы уадзит æмбæстæгты психологон реабилитаци.

"Тынг бирæ адæмы хъæуы психологты æххуыс, куыд сабиты, афтæ хистæр кары адæмы дæр. Цæрджытæ иууыл арæхдæр æрбахатынц ахæм проблемæтимæ, куыд психогенетика, алыгъуызон тастæ кар æмæ статусмæ æнæкæсгæйæ. Республикæйы та нæй сæрмагонд уагдон, ахæм адæмæн чи æххуыс кæна. Ныр нæ министры фæрцы фæнд кæнæм бакæнын реабилитацион центр, цы ран алы адæймагæн дæр йæ бон уыдзæн райсын специалистты консультацитæ", - радзырдта Сиукъаты Наира.

Уый банысан кодта, центр кæй байгом уыдзæн горæты поликлиникæйы раздæры бæстыхайы бындурыл.

Афтæ ма министры хæдивæг банысан кодта, центры специалисттæ кæй рацæудзысты ахуыр Уæрæсейы. Уымæй дарддæр ма бынадмæ хуынд цæудзысты уæрæсейаг специалисттæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0