Кучиты Юрийӕн Санкт-Петербурджы бакодтой мемориалон фӕйнӕг

© 15-й РегионКучиты Юрийӕн Санкт-Петербурджы бакодтой мемориалон фӕйнӕг
Кучиты Юрийӕн Санкт-Петербурджы бакодтой мемориалон фӕйнӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мемориалон фӕйнӕг бакодтой кадджын капитаны райгуырдыл сӕдӕ азы сӕххӕсты цытӕн

ЦХИНВАЛ, 27 авг — Sputnik. Санкт-Петербурджы бакодтой мемориалон фӕйнӕг легендарон капитан Кучиты Юрийӕн, кӕцы фыццаг хатт дунейы бацыд Цӕгаттаг полюсмӕ йӕ нау "Арктика"-йыл, хъусын кӕны 15-ӕм регион.

Капитан атомохода Ленин Ю.С.Кучиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Санкт-Петербурджы банысан кæндзысты Кучиты Юрийы сæдæазон юбилей

Мемориалон фӕйнӕг бакодтой, Кучиты Юрий цы хӕдзары цард, уый сисыл.

"Кучиты Юрий скадджын кодта канд Ирыстоны нӕ, фӕлӕ ма Уӕрӕсейы дӕр. Абон вице-губернатор Эдуард Батанов бахахх кодта, Кучиты Юрийы сгуыхтдзинад кӕй лӕууы космосмӕ Юрий Гагарины атахты ӕмрӕнхъ", - загъта Петербурджы ирон ӕхсӕнады сӕрдар Гӕзӕлаты Борис.

Уый бафтыдта, Кучиты Юрий алыхатт дӕр кӕй уарзта ӕмӕ кад кодта йӕ адӕмы традицитӕн, сидт фӕсивӕдмӕ, цӕмӕй зоной се 'гъдӕуттӕ ӕмӕ сӕ мадӕлон ӕвзаг.

Кучиты Юрий уыд легендарон ихсӕттӕн нау "Арктика"-йы капитан. 1977 азы 17 августы йӕ нау фыццаг хатт дунейы бацыд Цӕгаттаг полюсмӕ. Уый тыххӕй Кучиты Юрий хорзӕхджын ӕрцыд Социалистон фӕллойы хъайтары кадджын номӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0