"Хуссар Иры арæныл цыфæнды быцæу дæр фендыгъд кæндзæн уавæр æппæт Фæскавказы"

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры арæн Гуырдзыстонимæ
Хуссар Иры арæн Гуырдзыстонимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы парламенты депутат комментаритæ сарæзта арæныл уавæры тыххæй, цы ран гуырдзиаг тыхон структурæтæ аразынц полицийы пост

ЦХИНВАЛ, 28 авг - Sputnik. Гуырдзиаг полицийы архæйдтытæ Хуссар Ирыстоны арæныл хæссынц тас æппæт Фæскавказы регионы æдасдзинадæн, загъта æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Дриаты Заза.

Гуырдзыстонимӕ арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног провокацитӕ: Хуссар Иры ПӔК Гуырдзыстонимӕ арӕныл уавӕры тыххӕй

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитет апарахат кодта хъусинаг Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæныл провокациты тыххæй. Уагдоны информацимæ гæсгæ, гуырдзиаг полицийы минæвæрттæ аразынц сæ постытæ арæнгæрон хаххыл - Знауыры районы цæрæн пункт Арзаты (раздæр Цънелис) территорийыл.

"Иу æхст дæр куы æрцæуа, уæд та уый æнæмæнг дæр æркæндзæн конфликтмæ æмæ уавæры æндыгъдмæ, уый та серьезон æгъдауæй тас æвзæрын кæны æппæт Фæскавказы регионы æдасдзинадæн", - банысан кодта Дриаты Заза, кæцыйы ныхæстæ хъусын кæны парламенты информацион-аналитикон управленийы кусæг Хуыбиаты Зæринæ.

Парламентарий бахахх кодта, гуырдзиаг тыхон структурæтæ кæй хъуамæ ацæуой республикæйы арæнтæй.

"Уыдон хъæуы бафæдзæхсын æмæ сын раттын рæстæг, цæмæй ацæуой Хуссар Ирыстоны арæны цурæй. Уым хъæуы сæвæрын нæ постытæ. Раздæр Хуссар-Ирыстойнаг автономон облæсты арæн кæуылты цыд, уым ныр мах хъæуы сæвæрын нæхи постытæ", - загъта депутат.

Дриаты Заза ма хъусдард аздæхта, фæстаг рæстæджыты кæй сарæх сты паддзахадон арæныл провокацитæ æмæ банысан кодта, "ахæм демарштæ хорзмæ кæй не 'ркæндзысты".

Ног хабӕртты лентӕ
0