ЦХИНВАЛ, 28 авг - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитет (ПӔК) дыццӕджы рахастой официалон куырдиат, цы ран фехъусын кодтой ног провокациты тыххӕй Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл.
Ивгъыд улӕфт бонты уагдон дыууӕ хатты йӕ цӕст ӕрдардта гуырдзиаг фарсы провокацион архӕйдтытӕм Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны цур. Хъусын кодтой гуырдзиаг полицийы постты арӕзтадон куыстыты тыххӕй.
"Арӕнгӕрон зонӕйы, Знауыры районы цӕрӕг пункт Уистӕйы (раздӕр Цънелис) цур гуырдзиаг фарс аразы блокпост, кӕцы хъахъхъӕнынц Гуырдзыстоны тыхон структурӕтӕ", - фехъусын кодта Sputnik ПӔК пресс-службӕйы разамонӕг Биазырты Екатерина.
Амӕйразмӕ уагдоны бафӕдзӕхстой, Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны режим халын кӕй нӕ бауадздзысты, фӕткхалджыты та ӕрцахсдзысты хуссарирыстойнаг законтӕм гӕсгӕ.