Бибылты Анатолий ӕрсидт Гуырдзыстонмӕ, цӕмӕй ӕруромой сӕ провокацитӕ

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий ӕрсидт Гуырдзыстонмӕ, цӕмӕй ӕруромой сӕ провокацитӕ
Бибылты Анатолий ӕрсидт Гуырдзыстонмӕ, цӕмӕй ӕруромой сӕ провокацитӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент фехъусын кодта, Хуссар Ирыстон алкӕцы баныхасы процессы дӕр кӕй дзурдӕн гуырдзиаг ӕнӕзаконон посты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Уистӕйы хъӕуы тӕссаг уавӕр фӕхуыздӕр ис, хуссарирыстойнаг фарс арӕнхъахъхъӕнджыты куы сӕвӕрдта уыцы районы, уый фӕстӕ. Уый тыххӕй журналисттӕн фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий ИӔАМ форматы техникон фембӕлды фӕстӕ.

Гуырдзиаг полицæйæгтæ Хуссар Иры арæныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арӕны фӕдыл къамисы хистӕр: цалдӕр картӕ бӕрӕг кӕны, гуырдзиаг пост кӕй аразынц РХИ зӕххыл

Арӕнгӕрон зонӕйы балхынцъ ис Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты (ИӔАМ) форматы фембӕлд. Паддзахады сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, абонӕй фӕстӕмӕ Уистӕ йы хъӕуы периметр кӕй хъахъхъӕндзысты хуссарирыстойнаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ. Районы уавӕр президент банымадта стабилоныл.

"Хъӕуы цӕрджытӕ ныр сты сабыр. Балхынцъ ис контактон къорды баныхас. Хъыгагӕн, Гуырдзыстон нырма нӕ банхъардта ацы проблемӕйӕн ӕмбӕлгӕ скъуыддзаг. Нӕ уынаффӕтыл нын разы не сты", - загъта Бибылты Анатолий.

Президент банысан кодта, республикӕйы къухдариуӕгад кӕй кусдзӕн, цӕмӕй Гуырдзыстоны ӕнӕзаконон пост сисой. Республикӕйы сӕргълӕууӕг бахахх кодта, тыхон методтӕй раздӕр кӕй хъӕуы пайда кӕнын сабыр мадзӕлттӕй, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕной проблемӕ.

"Тыхон метод алыхатт дӕр хъуамӕ уа кӕройнаг", - бахахх кодта уый.

Президент загъта, фарсытӕ кӕй бадзырдтой фембӕлын нырма цалдӕр хатты ӕмӕ ӕрдзурын алкӕцы фарстыл дӕр, Хуссар Ирыстон та баныхасы процессты алыхатт дӕр гуырдзиаг коллегӕты хъусдард здахдзӕн сӕ ӕнӕзаконон посты арӕзтады фарстмӕ.

"Абонӕй фӕстӕмӕ Цънелисы цӕрджытӕ сты ӕдасдзинады, уымӕн ӕмӕ сӕ хъахъхъӕндзӕн Хуссар Ирыстоны арӕнгӕрон службӕ. Цауы эскалаци фӕкъаддӕр ис, хуссарирыстойнаг фарс арӕнхъахъхъӕнджыты куы сӕвӕрдта уыцы районы, уый фӕстӕ", - фехъусын кодта Бибылты Анатолий.

Амӕйразмӕ президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурӕт фехъусын кодта, ИӔАМ хайадисджыты техникон фембӕлд кӕй адарддӕр уыдзӕн къуырисӕры.

Цалдӕр боны размӕ республикӕйы Знауыры районы Уистӕйы (Цънелис) хъӕуы районы бынӕттон цӕрджыты хӕдзӕртты цур гуырдзиаг тыхон структурӕтӕ бавнӕлдтой сӕ объектты арӕзтадмӕ. Хуссар Ирыстоны ФХМ банысан кодта, ацы уавӕр кӕй хӕссы тӕссагдзинад Хуссар Ирыстоны адӕмӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0