ЦХИНВАЛ, 2 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны снысан кодтой Уӕлвӕткон уавӕрты министры ног хӕдивӕджы, уый ссис Гӕбӕраты Таймураз. Уый фӕдыл ӕмбӕлон бардзырд къуырисӕры бафыста республикӕйы президент Бибылты Анатолий.
"Снысан кӕнын Гӕбӕраты Павелы фырт Таймуразы Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министры ног хӕдивӕгӕй", - дзырдӕуы барамынды.
Указ йӕ тыхы бацыд йӕ бафысты бонӕй.
Раздӕр Гӕбӕраты Таймураз уыд УУМ зынгсирвӕзттӕм цӕстдарды хайады хистӕр.
Августы кӕрӕтты ма президент бафыста указ уагдоны ног хистӕры фӕдыл дӕр. Раздӕры министр йӕ куыстӕй ацыд, республикӕйы парламентмӕ ӕвзӕрст кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй. Уӕлвӕткон министрады ног сӕргълӕууӕг ссис Цоциты Азӕмӕт.