Хуссар Иры парламенты депутаттӕ басгардзысты арӕны фӕдыл къамисты куыст

© Пресс-служба Погрануправления ФСБ РФ в РЮО Хуссар Иры парламенты депутаттӕ басгардзысты арӕны фӕдыл къамисты куыст
Хуссар Иры парламенты депутаттӕ басгардзысты арӕны фӕдыл къамисты куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Закондӕттӕг органы нывӕндынц саразын парламентон къорд, кӕцы ӕркӕсдзӕн паддзахадон арӕны делимитаци ӕмӕ демаркацийы фӕдыл къамисты куысты хыгъдлӕвӕрдтӕм

ЦХИНВАЛ, 3 сен – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент нывӕнды ауадзын рабадттӕ, кӕцыты рӕстӕджы паддзахадон арӕны фӕдыл парламентон ӕмӕ хицауадон къамистӕ радзурдзысты сӕ архайды тыххӕй, фехъусын кодта Sputnik парламенты спикер Тадтаты Алан.

Знон закондӕттӕг органы ацыд рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы ӕрныхас кодтой уавӕрыл, кӕцы фӕзынд Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕныл Уистӕйы (Цънелис) хъӕуы районы гуырдзиаг блокпосты сӕвӕрды фӕстӕ.

"Абон депутаттӕ ацыдысты фыдохы мадзӕлттӕм Беслӕнмӕ. Фӕлӕ сом сараздзыстӕм парламентон къорд, кӕцы сорганизаци кӕндзӕн рабадттӕ, цы ран хайад исдзысты паддзахадон арӕны делимитаци ӕмӕ демаркацийы фӕдыл къамисты уӕнгтӕ", - загъта Тадтаты Алан.

Спикер бахахх кодта, ацы фарсты фӕдыл кӕй куыстой дыууӕ хицауадон ӕмӕ иу парламентон къамис, кӕцыты архайды фӕстиуджытӕм ӕркӕсдзысты парламенты рабадтытыл.

Гуырдзиаг полицæйæгтæ Хуссар Иры арæныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арӕны фӕдыл къамисы хистӕр: цалдӕр картӕ бӕрӕг кӕны, гуырдзиаг пост кӕй аразынц РХИ зӕххыл

Тадтаты Алан банысан кодта, депутаттӕ кӕй ӕркӕсдзысты уыцы къамисты фӕстиуджытӕм, кӕд уыдысты, уӕд.

"Кӕд дзы фӕстиуджытӕ нӕ уыд, уӕд сӕ мах хъуамӕ бафӕрсӕм, цӕмӕннӕ бакуыстой, кӕд ӕмӕ нӕ архивты ис бирӕ информаци ӕмӕ документтӕ Хуссар Ирыстоны арӕны тыххӕй. Ацы документтӕ ӕхгӕд нӕ уыдысты ӕмӕ уыд фадат пайда кӕнын уыдонӕй парламентон къамисы куысты рӕстӕджы", - бафтыдта Тадтаты Алан.

Къуырийӕ фылдӕры размӕ республикӕйы Знауыры районы Уистӕйы (Цънелис) хъӕуы районы бынӕттон цӕрджыты хӕдзӕртты цур гуырдзиаг тыхон структурӕтӕ бавнӕлдтой блокпосты арӕзтадмӕ. Хуссар Ирыстоны ФХМ банысан кодта, ацы уавӕр кӕй хӕссы тӕссагдзинад Хуссар Ирыстоны адӕмӕн.

Хуссар Ирыстоны делегаци Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фембӕлды рӕстӕджы 29 августы ӕрдомдта Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕй айсын блокпост ӕмӕ сын куы нӕ сразы тсы, уӕд ацыдысты фембӕлдӕй. Уавӕры фӕдыл ногӕй ӕрдзырдтой ИӔАМ техникон фембӕлдыл майрӕмбоны. Фарсытӕ не рцыдысты компромиссмӕ, диалог адарддӕр ис ИӔАМ форматы фембӕлдыл къуырисӕры арӕнгӕрон хъӕу Эргнеты, фӕлӕ та фарсытӕн нӕ бантыст баныхас кӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0