Хуссар Иры ӕрцӕугӕ ӕмбӕстаджы фӕивар кодтой "снюс"-ы тыххӕй

© МВД РЮОХуссар Иры ӕрцӕугӕ ӕмбӕстаджы фӕивар кодтой "снюс"-ы тыххӕй
Хуссар Иры ӕрцӕугӕ ӕмбӕстаджы фӕивар кодтой снюс-ы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕвзонг нӕлгоймаджы ӕрурӕдтой Паддзахадон автоинспекцийы постыл Гуфтайы хъӕуы

ЦХИНВАЛ, 4 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕивар кодтой Цӕгат Ирыстоны 23-аздзыд цӕрӕджы 20 мин сомы бӕрц ӕууилгӕ тамако "снюс" ӕвӕрыны тыххӕй, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы кусӕг Джиоты Алик.

Цхинвалы дуканийы уӕйгӕнӕгмӕ ссардтой тобӕгонд снюс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы дуканийы уӕйгӕнӕгмӕ ссардтой тобӕгонд "снюс"

Хӕдтулгӕ "ВАЗ-21060", кӕцыйыл скъӕрдта ӕрцӕугӕ ӕмбӕстаг, ӕрурӕдтой милицийы кусджытӕ Паддзахадон автоинспекцийы стационарон постыл Гуфтайы хъӕуы.

"Сӕрмагонд басгӕрсты рӕстӕджы шофыры уӕлдарӕсы ссардтой цыппар хъуымызгъуыз чысыл пакеты. РХИ Мидхъуыддӕгты министрады экспертон-криминалистон центры басгӕрстмӕ гӕсгӕ буарад у ӕууилгӕ тамако "снюс", кӕцыйы массӕ у 2,85 граммы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстоны 2016 азӕй фӕстӕмӕ ис закон тамако "снюс" ӕмӕ "насвай" ласын, ӕлхӕнын, ӕвӕрын ӕмӕ уӕй кӕныныл тобӕ сӕвӕрыны фӕдыл. Закон фехалджыты фӕивар кӕндзысты, кӕнӕ та сӕ сбадын кӕндзысты ахӕстоны дыууӕ мӕйы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0