Цхинвалы аварион скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ банысан кодтой Зонындзинӕдты бон

© Sputnik / Элина Габараева Цхинвалы аварийон скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ банысан кодтой Зонындзинӕдты бон
Цхинвалы аварийон скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ банысан кодтой Зонындзинӕдты бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны скъолаты цыппӕрӕмы нысан кӕнынц Зонындзинӕдты бон

ЦХИНВАЛ, 5 авг - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Фыццаг дзӕнгӕрӕг айзӕлыд Хуссар Ирыстоны скъолаты. Бӕрӕгбонон линейкӕтӕ ацыдысты республикӕйы столицӕ ӕмӕ районты скъолаты, се хсӕн цхинвайлаг ӕртыккӕгӕм скъолайы дӕр.

Зонындзинӕдты бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры скъолатӕм сентябры бацӕудзысты авдсӕдӕ фыццагкъласонӕй фылдӕр

Ӕртыккӕгӕм скъола у республикӕйы иууыл рагондӕр скъолатӕй иу, кӕцы сарӕзтой 1934 азы. Ныртӕккӕ скъолайы агъуыст банымадтой аварионыл, уый фӕстиуӕгӕн аскъуыддзаг кодтой рӕстӕгмӕ акӕнын ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ скъоладзауты дыууадӕсӕм скъоламӕ, фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уӕддӕр банысан кодтой Зонындзинӕдты бон сӕхи скъолайы раз.

Ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ скъоладзаутӕн раарфӕ кӕнынмӕ ӕрбацыд Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Цхуырбаты Андрей.

"Уӕ скъола у горӕты иууыл хуыздӕр скъолатӕй иу. Мӕ цӕст уын уарзы, цӕмӕй уын ацы ахуырадон аз ӕрхӕсса стыр ӕнтыстытӕ, уӕлахизтӕ олимпиадӕты, конкурсты ӕмӕ спорты", - банысан кодта министры хӕдивӕг.

Скъолайы директор Бестауты Мӕдинӕ дӕр раарфӕ кодта ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн ног ахуырадон азы райдайӕны цытӕн ӕмӕ сын загъта бузныг иузӕрдыгдзинады тыххӕй.

"Зынаргъ коллегӕтӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕз дзурын алкӕмӕдӕр, чи баззад немӕ иууыл уӕззаудӕр рӕстӕджыты. Хъӕуы ма нӕ бафӕразын иу аз, ӕмӕ нын стӕй уыдзӕн алцыдӕр хорз. Нӕ скъолайы ног ӕртӕуӕладзыгон агъуыстмӕ мах ӕрыздӕхдзыстӕм 2020 азы зымӕджы", - загъта Бестауты Мӕдинӕ.

Скъолайы директор Бестауты Мӕдинӕ куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй сывӕллӕтты сӕхи бафӕндыд банысан кӕнын ног ахуырадон азы райдайӕн сӕхи скъолайы.

Абоны бон скъолайы ис 16 рауагъдоны, фарон азы кӕрӕтты ахуыргӕнӕндоны уыд 96 скъоладзауы.

Хуссар Ирыстоны ахуыргӕнӕндӕтты ахуырадон аз райдыдта 5 сентябры. Уый фӕдыл барамынд бафыста фарон республикӕйы президент. Республикӕйы къухдариуӕгады скъуыддзаг баст у Беслӕны трагедийы афӕдзы боныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0