ЦХИНВАЛ, 9 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры фæбæрæг сты Хетæгкаты Къостайы 2019 азы премийы конкурсантты нæмттæ. Фондз номинацийæ конд премийыл тохгæнджытæ сты 14, фехъусын кодта Sputnik премийы фæдыл къамисы сæрдар Джиоты Мурæт.
Литературæ, аивад, публицистикæ, ирон филологи æмæ историон зонæдты фадыджы аккагдæрты къамис равзардзæн Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилейы агъоммæ. Премимæ номинантты ʻхсæн сты нывгæнджытæ, режиссер, музыкант, поэтессæтæ æмæ журналисттæ.
"Ныридæгæн уынаффæтæ цæуынц къамисы, йæ уæнгтæ ахуыр кæнынц бавдыстгонд æрмæг. Къостайы премийы лауреаттæ хъуамæ фæбæрг уой 15 октябрьмæ", - загъта Джиоты Мурæт.
Ацы аз Къостайы премийы лауреатмæ претенденттæй иууыл фылдæр - фондз адæймаджы - сты аивады фадыджы: режиссер Дзудцаты Тамерлан, адæмон нывгæнæг Ӕлборты Ирбег, музыкант Уалыты Нино, сгуыхт нывгæнджытæ Бекъойты Алан æмæ Хуыбиаты Роберт.
Литературæйы фадыджы – фыссæг Хъазиты Мелитон, поэтессæтæ Чехойты Оля æмæ Кокойты Эльза.
Публицистикæйы фадыджы номинанттæ сты сгуыхт журналист Хъуылымбегты Роберт æмæ журнал "Фидиуæг". Ирон филологийы здæхæны та сæ куыстытæ бавдыстой ацы фадыджы зонæдты кандидаттæ Дзабиты Зарбег æмæ Дзиццойты Юрий. Фæндзæм номинацийы дæр ис дыууæ претенденты – Хуссар Иры зындгонд ахуыргæндтæ Гаглойты Юрий æмæ Дзугаты Къоста.
Преми лæвæрд цæуы алкæцы хаххыл дæр дыууæ азы иу хатт, йæ бæрц у 350 мин сомы.
Кандидатты раразмæ кæнынц бынæттон хæдуынаффæйы органтæ, æхсæнадон баиугæндтæ, уагдæттæ, организацитæ, ахуырадон уагдæттæ æмæ сфæлдыстадон коллективтæ.
Хетæгкаты Къостайы номыл премитæ лæвæрд цæуынц Ирыстоны хуссары дæр æмæ цæгаты дæр. Къостайы преми Хуссар Ирыстоны фидар ӕрцыд РХИ президенты указӕй 2009 азы. Хицӕн ӕзты премийы аккаг скодтой фысджытӕ Хъазиты Мелитон ӕмӕ Хъодалаты Герсан, историктӕ Гаглойты Роберт, Гаглойты Юрий, Бигъуылаты Ирина ӕмӕ ӕндӕрты.
Хетæгкаты Къостайы номыл преми лæвæрд цæуы Цæгат Ирыстоны дæр 1964 азæй фæстæмæ. Фыццаг ацы премийы хицау баисты номдзыд лингвист Абайты Уасо æмæ зынгæ фыссæг Мамсыраты Дæбе. Премийы хицæутты номхыгъды ис дунейы нымад ахуыргæндтæ, коллективтæ, аивадон кусджытæ, поэттæ. Се ʻхсæн Жорж Дюмезиль, Джыккайты Шамил, Плиты Грис, Плиты Харитон, Ӕлборты Феликс, Галаты Борис, Дударты Вероника, Бзарты Руслан, Кокайты Тотрадз.