Хуссар Иры ӕфсады службӕ ссис популярондӕр, фехъусын кодта ӕфсӕддон комиссар

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры ӕфсады службӕ ссис популярондӕр
Хуссар Иры ӕфсады службӕ ссис популярондӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2019 азы ӕрсидты кампани адаргъ уыдзӕн декабрмӕ. Республикӕйы ӕфсӕддон комиссариат радзырдта ӕрсидты кампани ауадзыны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 17 сен - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстоны ӕрсиддонты хсӕн ӕфсады иууыл популярондӕр хуыз у ӕфсӕддон разӕсгарӕн хайад, загъта Sputnik республикӕйы ног ӕфсӕддон комиссар Бибылты Роберт.

РХИ æфсæддонты ардбахæрд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент фехъусын кодта æфсадмæ æрсидты тыххæй

Ацы аз Хъахъхъӕнынады министрад ӕнхъӕлмӕ кӕсы бирӕ ӕрсиддонтӕм, уымӕн ӕмӕ амӕй размӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта, цӕмӕй ӕвзонг адӕмы, кӕцытӕ нӕ рацыдысты ӕфсӕддон службӕ, ма исой куыстмӕ.

Гарзджын тыхтӕм ӕрсидтмӕ хауынц 18-27 азы кары нӕлгоймӕгтӕ, кӕцытӕ ацыдысты медицинон басгӕрст.

Ӕфсӕддон комиссар куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй республикӕйы ӕфсӕддон службӕ ссис популярондӕр – фылдӕр кӕны ӕфсӕддонты цӕттӕкӕнынады ӕмвӕзад.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрсиддонтӕн сӕ бон у ӕвзарын ӕфсады хуыз, кӕцыты рӕнхъы сӕ фӕнды службӕ кӕнын. Афтӕмӕй иууыл популярондӕр здӕхт у ӕфсӕддон разӕсгарӕн хайад.

Ног хабӕртты лентӕ
0