Ирон дзюдоисттӕ рамбылдтой 22 хорзӕхы ӕхсӕнадӕмон турниры

© Пресс-служба Минспорта РСО-А.Ирон дзюдоисттӕ рамбылдтой 22 хорзӕхы ӕхсӕнадӕмон турниры
Ирон дзюдоисттӕ рамбылдтой 22 хорзӕхы ӕхсӕнадӕмон турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты хайад истой спортсментӕ Уӕрӕсейы Федерацийы алыгъуызон регионтӕй, афтӕ ма Казахстан, Узбекистан, Украина, Словени, Сомих ӕмӕ Азербайджанӕй

ЦХИНВАЛ, 24 сен — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг командӕ дзюдойӕ ӕрласта 22 хорзӕхы Грозныйӕ (Цӕцӕн), цы ран уагъд цыд Турпала-Али Кадыровы мысӕнӕн IX Ӕхсӕнадӕмон турнир, хъусын кӕны республикӕйы спорты министрады пресс-службӕ.

Дудайты Донна рамбылдта æппæтуæрæсейон ерыстæ
 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дудайты Донна рамбылдта æппæтуæрæсейон ерыстæ

Ерысты хайад истой спортсментӕ Уӕрӕсейы Федерацийы алыгъуызон регионтӕй, афтӕ ма Казахстан, Узбекистан, Украина, Словени, Сомих ӕмӕ Азербайджанӕй. Ирон дзюдоисттӕ рамбылдтой аст сыгъзӕрин, ӕхсӕз ӕвзист ӕмӕ аст бронзӕйы майданы.

"Фыццаг бынӕттыл сӕ уӕзы категориты ацыдысты Голоты Сӕрмӕт, Тотраты Азӕмӕт, Кокайты Кристина, Гаглойты Элина, Дзугутты Ирэна, Гӕджиты Алина, Хъайсынты Мӕдинӕ ӕмӕ Ӕлборты Алана. Ӕвзист призертӕ ссисты Дзуццаты Александр, Татьяна Савицкая, Цырыхаты Дана, Калаты Марина, Харебаты Ревекка ӕмӕ Светлана Селезнева. Бронзӕйы майдантӕ рамбылдтой Гӕбӕраты Софья, Четыты Алина, Гӕджиты Кристина, Четыты Алина, Елхъанты Яна, Къӕбысты Эланда, Хъуппеты Дзерассӕ ӕмӕ Татьяна Гайшун", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, спортсменты ерыстӕм бацӕттӕ кодтой тренертӕ Беккуызарты Алик, Къадиты Сослан, Цӕгъӕраты Хъазбег, Хуыгаты Виталий, Гӕбӕраты Автандил, Джиоты Герас, Бадриаты Тимур, Гӕбӕраты Виталий ӕмӕ Пухты Алина.

Ног хабӕртты лентӕ
0