Хуссар Иры æмбырдгонд командæ боксæй стох кæндзæн Захарченкойы номарæн турниры

Рафыссын
Къорд конд у 15 спортсментæй Боксы скъолайæ æмæ спорты галуан "Олимп"-ы секцитæй, сæ нымæцы Уæрæсейы фыццагады финалисттæ

ЦХИНВАЛ, 25 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры æмбырдгонд командæ боксæй хайад райсдзæн ДАР раздæры президент Александр Захарченкойы номарæн турниры. Нæ къорды скоды ис 15 лæппуйы, сæ нымæцы Уæрæсейы фыццагады финалисттæ, фехъусын кодта Sputnik, спорты галуан "Олимп"-ы хистæр тренер Хаситы Владислав.

"Цыппæрæмы афæндарст уыдзыстæм æхсæнадæмон турнирмæ. Фæсивæд сты хорз цæттæ, ныфыс нæ ис аккаг кæй стох кæндзысты", - загъта Хаситы Владислав.

Хуссар Иры боксертæ æрхастой аст майдан Минводты гом турнирæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры боксертæ æрхастой аст майданы Минводты гом турнирæй

Къорд конд у Хуссар Иры æппæт боксы секциты аккагдæр хъомылгæнинæгтæй, сæ нымæцы сты 2019 азы Уæрæсейы фыццагады финалист Гæджиты Гурам æмæ ацы ерысты 2018 азы призер Ӕлборты Сослан, Ӕхсæнадæмон ерысты уæлахиздзау Зæгъойты Алан æмæ æндæртæ.

Турнир цæудзæн æртæ боны дæргъы(27-29 сентябрь) Донецкы адæмон республикæйы. Ерысты архайдзысты спортсментæ Абхазæй, Сомихстонæй æмæ Уæрæсейы регионтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0